Ацы брошюрӕйы ис
2016 АЗЫ 2–8 МАЙЫ
3 Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ стут?
2016 АЗЫ 9–15 МАЙЫ
8 Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстут?
Махӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, тынг ӕхсызгон у, алы аз дӕр 250 000 адӕймаджы донаргъуыд кӕй райсы. Уыцы ахсджиаг къахдзӕф чи саразы, уыдонӕй бирӕтӕ вӕййынц ӕрыгӕттӕ, чидӕртӕ та – сывӕллӕттӕ. Цымӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй сты? Уыцы хъуыддагмӕ сӕхи куыд бацӕттӕ кодтой? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы дыууӕ статьяйӕ.
2016 АЗЫ 16–22 МАЙЫ
13 Не ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн?
Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн. Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уацамынды ӕмгуыст кӕнӕм, стӕй не ’мбырды ӕмӕ нӕ бинонты ’хсӕн иудзинад бахъахъхъӕнӕм.
2016 АЗЫ 23–29 МАЙЫ
18 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амоны царды фӕндаг
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн алкӕддӕр лӕвӕрдта разамынд. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Хуыцау йӕ адӕмӕн уавӕртӕм гӕсгӕ амындтӕ куыд лӕвӕрдта, ууыл. Базондзыстӕм ма, нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нӕ кӕй фӕнды, уый.
23 Дӕ бон куыд у дӕхи ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?