Ацы брошюрӕйы ис
2016 АЗЫ 27 ИЮНӔЙ 3 ИЮЛМӔ
3 Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?
Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хатгай нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, кӕрӕдзиимӕ бафидауынӕн-иу нын чи баххуыс кӕндзӕн, Библийӕ ахӕм уагӕвӕрдтыл.
2016 АЗЫ 4–10 ИЮЛЫ
8 «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фидарӕй цӕмӕн уырны, ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй ӕххӕст кӕнынц Матфейы 24:14 стихы фыст пехуымпарад. Базондзыстӕм ма, «адӕмахсджытӕ» кӕй сты, уый цӕуыл дзурӕг у, уый дӕр (Матф. 4:19).
2016 АЗЫ 11–17 ИЮЛЫ
Исты уынаффӕ куы фӕхӕссыс, уӕд, дӕхимӕ растдӕр куыд фӕкӕсы, афтӕ бакӕныс? Ӕви дӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый тыххӕй иннӕты фӕфӕрсыс? Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый-иу куы базонӕм, уӕд-иу ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕуы ацы статьяйы.
2016 АЗЫ 18–24 ИЮЛЫ
18 Библи дын ныр дӕр дӕ удыхъӕд ивы?
Донаргъуыд райсыны размӕ дӕ, чи зоны, стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд. Фӕлӕ дын, чи зоны, уыдӕттӕй зындӕр у дӕ удыхъӕды цыдӕртӕ фӕивын. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уыцы ивындзинӕдтӕ кӕнын зын цӕмӕн вӕййы ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Библи куыд баххуыс кӕндзӕн.
2016 АЗЫ 25–31 ИЮЛЫ
23 Йегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй пайда кӕн
Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕй нӕхи фӕцух кӕнӕм. Базондзыстӕм ма, нӕ бон куыд у нӕхи уымӕй бахизын ӕмӕ нын Йегъовӕ цы дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй пайда кӕнын.