Иоганнес Рауте уацамынды, ӕвӕццӕгӕн, 1920-ӕм азты
НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
«Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕн»
«РАЗДӔР цы хӕстытӕ уыди... уыдон абарӕн дӕр нӕй, ныртӕккӕ Европӕйы цы стыр тох цӕуы, уыимӕ». Афтӕ фыст уыди Фыццаг дунеон хӕсты тыххӕй 1915 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Ӕппынфӕстаг уыцы хӕсты архайдта 30 бӕстӕйы бӕрц. Хӕсты тыххӕй Ӕвдисӕнтӕ цы уавӕры уыдысты, уый фӕдыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Иуӕй-иу бӕстӕты [Паддзахадӕн] лӕггад кӕнын фӕзын, уӕлдайдӕр та Германийы ӕмӕ Францийы».
Хӕсты цӕхӕр ӕгас дунейыл дӕр куы апырх, уӕд Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ хӕстмӕ ацыдысты, уымӕн ӕмӕ хорз не ’мбӕрстой, чырыстӕттӕн ӕфсады хъуыддӕгты архайӕн ис ӕви нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр се ’ппӕты дӕр фӕндыди хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Вильгельм Хильдебрандты фӕндыд Хуыцауы Паддзахадӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ французаг ӕвзагыл ныззаказ кодта «Библииртасджыты ӕрвылмӕйон трактат». Францимӕ уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ чиныгхӕссӕгӕй лӕггад кодта (ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг), фӕлӕ немыцаг салдат кӕй уыд, уый тыххӕй. Йӕ уӕлӕ уыди, уыцы бӕстӕимӕ чи тох кодта, уыцы ӕфсады дарӕс, афтӕмӕй французӕгтӕн фарны хабар хъусын кодта ӕмӕ сӕ уымӕй дисы ӕфтыдта.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы писмотӕ мыхуыр кодтой, уыдонӕй бӕрӕг уыди, Германийы чи лӕггад кодта, уыцы Библииртасджытӕй ма чидӕртӕ хӕстмӕ кӕй ацыдысты, фӕлӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын дӕр кӕй фӕндыд. Ӕфсымӕр Лемке уыди денджызон флоты, ӕмӕ ныффыста, йемӕ чи уыди, уыдонӕй фондз адӕймаджы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕндыд. «Науыл дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕн»,– фыста ӕфсымӕр.
Георг Кайзер хӕстмӕ ӕфсӕддонӕй ацыд, хӕдзармӕ та Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕй ӕрцыд. Цымӕ афтӕ куыд рауад? Библииртасджыты публикацитӕй йӕм кӕцыдӕр ӕрбафтыд ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айста, ӕмӕ йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нал райста. Уый фӕстӕ службӕ кодта, хӕцгӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм рӕтты. Хӕсты фӕстӕ Георг бирӕ азты дӕргъы зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта пионерӕй.
Библииртасджытӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй сӕхи куыд хъуамӕ хизой, уый. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ зондахаст ӕмӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕй тынг хицӕн кодтой, хӕсты фарс чи уыд, уыцы адӕмӕй. Политиктӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты архайдтой, Библииртасджытӕ та «Фарны кънйазы» фарс уыдысты (Ис. 9:6). Ӕмӕ кӕд Библииртасджытӕй чидӕртӕ хӕстмӕ дӕр ацыд, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр фидарӕй ӕмбӕрстой, ӕфсымӕр Конрад Мёрттер кӕй кой кодта, уыцы хъуыддаг: «Хуыцауы Ныхасӕй бӕлвырд базыдтон, чырыстонӕн марыны бар кӕй нӕй» (Рац. 20:13)a.
Ханс Хёльтерхофф къухӕйласгӕ уӕрдоны фӕрцы парахат кодта журнал «Сызгъӕрин ӕнус»
Кӕд Германийы закъонмӕ гӕсгӕ адӕймагӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ма ацыдаид, уӕддӕр 20 Библииртасӕгӕй фылдӕр загътой, ӕфсадимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдзысты. Кӕйдӕрты дзы психбольницӕйы бакодтой, сӕ зонд фӕцыд, зӕгъгӕ, уый ӕфсонӕй. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Густав Куйаты ахӕм рынчындоны бакодтой ӕмӕ йын карз хостӕ кодтой. Ханс Хёльтерхофф дӕр ӕфсадмӕ нӕ ацыд, ӕмӕ уый та ахӕстоны сбадын кодтой. Ахӕстоны нӕ разы кодта, хӕстимӕ баст куысты кусын ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕ фӕдардтой, цалынмӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ нӕ бандзыг сты, уӕдмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр не сразы, ӕмӕ йӕ уӕд хъахъхъӕнджытӕ фӕтӕрсын кӕнынмӕ хъавыдысты ӕмӕ йӕм хӕцӕнгарз ныддардтой, цыма йӕ марынмӕ хъавынц, афтӕ. Ханс суанг хӕсты кӕронмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад.
Ӕфсадмӕ кӕмӕ фӕсидтысты, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исыныл нӕ разы кодтой ӕмӕ загътой, цӕмӕй сӕ службӕ кӕнынмӕ арвыстаиккой, хӕцгӕ кӕм нӕ кодтой, ахӕм рӕттӕмb. Уыцы ӕфсымӕртӕй иу уыд Иоганнес Рауте, ӕмӕ йӕ арвыстой ӕфсӕнвӕндагмӕ кусынмӕ. Конрад Мёрттеры та арвыстой рынчындоны ӕфснайӕгӕй кусынмӕ, Райнхольд Вебер та медицинон ӕфсымӕрӕй куыста. Аугуст Крафциг цин кодта, цы куыстмӕ йӕ арвыстой, уый хӕстимӕ баст кӕй нӕ уыд, ууыл. Уыцы Библииртасджытӕ ӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы уарзтой ӕмӕ йыл иузӕрдион уыдысты.
Библииртасджытӕ хӕстмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй хицауады ӕргом сӕхимӕ раздӕхтой. Уый фӕстӕ азты Германийы Библииртасджытыл мингай хӕттыты тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтой, хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй. Цӕмӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнӕн уыдаид, уый тыххӕй Германийы Магдебурджы филиалы арӕзт ӕрцыд юридикон хайад.
Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй сӕхи куыд хъуамӕ хизой, уый. Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исыныл ӕппындӕр нӕ разы кодтой. Уый тыххӕй сӕ банымадтой Германийы знӕгтыл ӕмӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрдтой. Фӕлӕ уый ӕндӕр хабар у, ӕмӕ йыл ныхас цӕудзӕн нӕ рубрикӕйы «Нӕ историйы хӕзнадон»-ы ӕндӕр брошюрӕйы. (Нӕ архивтӕй Централон Европӕйаг филиалы.)
a Великобританийы Библииртасджытӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг цытӕ баййӕфтой, уый тыххӕй кӕс статья «„Фӕлварӕны рӕстӕджы“ фидар фӕлӕууыдысты» брошюрӕйы «Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн – хъусын кӕн хорз хабар» (bw534, 31 ф.).
b Чырыстӕттӕ хӕстмӕ кӕй хъуамӕ ма цыдаиккой, уый тыххӕй фыст уыди чиныг «Миназы райдиан»-ы 6 томы (1904 аз) ӕмӕ немыцаг ӕвзагыл уагъд 1906 азы августы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». 1915 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыцы фарста хуыздӕр бамбарын кодтой ӕмӕ Библииртасджытӕн уынаффӕ кодтой, ӕфсадмӕ кӕй хъуамӕ ма цӕуой. Фӕлӕ уыцы статья немыцаг ӕвзагыл мыхуыры нӕ рацыд.