СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ДЫН ФЫЛДӔР ПАЙДА КӔД ӔРХӔСДЗӔН?
Цӕмӕн хъӕуы Библи кӕсын?
«Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Библи зынӕмбарӕн чиныг у» (Жови).
«Хъуыды кодтон, Библи кӕсын мӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн» (Квини).
«Библи цы бӕзджын у, уый куы федтон, уӕд ӕй мӕ къухмӕ райсынмӕ дӕр фӕзивӕг кодтон» (Езекиль).
Чи зоны дӕу дӕр ацы чиныг бакӕсын фӕндыд, фӕлӕ дӕ ахӕм хъуыдытӕ бакъуылымпы кодтой. Библи кӕсынмӕ бирӕтӕ нӕ хӕссынц сӕ ныфс. Фӕлӕ Библийы фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивдзӕн ӕмӕ амондджындӕр кӕй уыдзынӕ, уый куы базонай, уӕд та? Кӕнӕ гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Библи кӕсын дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уӕд та? Библи кӕсын цы пайда у, уый базонын дӕ фӕнды?
Библи кӕсын цы стыр пайда хӕссы, уый чи бамбӕрста, уыдонӕй цалдӕры ныхӕстӕм ӕркӕсӕм.
Езекилыл цӕуы 20 азӕй гыццыл фылдӕр. Уый зӕгъы: «Раздӕр уыдтӕн, кӕдӕм цӕуы, уый чи нӕ зоны, ахӕм шофыры хуызӕн. Фӕлӕ Библийы фӕрцы бамбӕрстон, цӕмӕн цӕрын, уый. Цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон мын царды стыр ӕххуыс сты».
Иу ӕрыгон чызг, Фридӕ, загъта: «Раздӕр-иу уайтагъд рамӕсты дӕн. Фӕлӕ Библи кӕй кӕсын, уый фӕрцы мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн. Ныр мын иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕнцондӕр у, ӕмӕ мын ис бирӕ ӕмбӕлттӕ».
50 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы сылгоймаг Евникӕ та загъта: «Библи мын ӕххуыс кӕны мӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивынӕн ӕмӕ ме ’взӕр миниуджытимӕ тох кӕнынӕн».
Ацы адӕмимӕ милуантӕ сразы уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Библийы фӕрцы уыдон дӕр сӕ цардӕй райгонд сты. Ацы чиныг дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн (Исай 48:17, 18). Библи дын ӕххуыс кӕндзӕн: 1) раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, 2) хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн, 3) зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ 4) ӕппӕты сӕйрагдӕр – Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн. Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон Хуыцау радта. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. Хуыцау нын ӕвзӕр уынаффӕ никуы ратдзӕн.
Куыд фӕзӕгъынц, йӕ зын – йӕ райдайӕн. Уӕдӕ сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йӕ кӕсын райдайай. Уымӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?