Ацы брошюрӕйы ис
2017 АЗЫ 29 МАЙӔ 4 ИЮНМӔ
3 «Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»
Йегъовӕйӕн дзырд цал хъуыддаджы радтай? Куыд дӕм кӕсы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй дӕ дзырд ӕххӕст кӕнай? Цы зӕгъӕн ис, дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодтай, уӕд ын цы дзырд радтай кӕнӕ дӕ цардӕмбалӕн цы дзырд радтай, уый тыххӕй? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Йеффай ӕмӕ Аннӕйы диссаджы цӕвиттонтӕм. Уыдон Йегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый сӕххӕст кодтой. Сӕ цӕвиттонтӕ нын баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уый сӕххӕст кӕнынӕн.
2017 АЗЫ 5–11 ИЮНЫ
9 Хуыцауы Паддзахад кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн?
Мах арӕх фӕхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ дзӕнӕты цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдоныл. Фӕлӕ ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард сараза. Ацы статья нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр фидар лӕууӕм.
14 Биографи. Ӕз дӕн Чырыстийы ӕфсӕддон
2017 АЗЫ 12–18 ИЮНЫ
18 «Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр рахӕссы раст тӕрхон
2017 АЗЫ 19–25 ИЮНЫ
23 Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?
Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфтам кӕнӕ исчи дзӕгъӕлы ӕфхӕрд ӕййафы, уӕд, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд цӕуа нӕ уырнындзинад, нӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ ӕртӕ цӕвиттонмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм.
2017 АЗЫ 26 ИЮНӔЙ 2 ИЮЛМӔ
28 Дӕ барвӕндон лӕггадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕн!
Йегъовӕ ницы хъуаг у, фӕлӕ йын тынг ӕхсызгон у, йӕ хицаудзинады фарс кӕй лӕууӕм ӕмӕ ууыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайӕм, уый. Тӕрхонгӕнджыты 4 ӕмӕ 5 сӕртӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн барвӕндӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ кӕй хъусӕм, уымӕн куыд тынг аргъ кӕны, уый.