Ацы брошюрӕйы ис
3 Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мадагаскар
2018 АЗЫ 26 ФЕВРАЛӔЙ 4 МАРТЪИМӔ
7 «Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых»
Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ бон нал у нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын, уӕд цы хъуамӕ аразӕм? Ацы статьяйы дзырд цӕуы, 2018 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, ууыл. Стӕй ма дзы дзырд цӕуы, Йегъовӕйӕ хъару цӕмӕн хъуамӕ курӕм ӕмӕ нын ӕй куыд ратты, ууыл.
2018 АЗЫ 5–11 МАРТЪИЙЫ
12 Ӕрымысӕн изӕр нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны
2018 азы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 31 мартъийы, сабаты. Ацы статьяйӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: нӕ бон куыд у нӕхи уыцы хабармӕ бацӕттӕ кӕнын? Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн? Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр Хуыцауы адӕм алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕр кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уый сӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны?
2018 АЗЫ 12–18 МАРТЪИЙЫ
17 Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?
Цыдӕриддӕр нӕм ис, уый Йегъовӕйӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй йын йӕ организацийы куыстӕн нӕ мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнӕм. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ дӕттӕм ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр цавӕр пайда хӕссы, ууыл.
2018 АЗЫ 19–25 МАРТЪИЙЫ
22 Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?
2018 АЗЫ 26 МАРТЪИЙӔ 1 АПРЕЛМӔ
27 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
Ацы «фӕстаг бонты» адӕммӕ цы уарзондзинад ис, уымӕн Хуыцауы уарзынимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ адӕймаг ӕцӕг амондджын вӕййы, Хуыцауы куы фӕуарзы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕуы ацы дыууӕ статьяйӕ фыццаджы. Дыккаг статьяйы та дзырд цӕуы, абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, ууыл.
32 Зыдтай йӕ?