Ацы брошюрӕйы ис
2018 АЗЫ 4–10 ИЮНЫ
3 Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?
2018 АЗЫ 11–17 ИЮНЫ
8 Лӕггад кӕнут, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн
Ӕгас зӕххыл дӕр адӕм тох кӕнынц, цӕмӕй сын фылдӕр бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад уа. Цымӕ чырыстӕттӕ сӕрибардзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Ацы дыууӕ статьяйӕ базондзыстӕм, цы у ӕцӕг сӕрибардзинад, цӕмӕй кӕнгӕ у ӕмӕ, ныртӕккӕ цы сӕрибардзинадӕй стӕм хайджын, уымӕй нӕ бон куыд у афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда хӕсса. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн, ӕцӕг сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн, кад хӕссын.
13 Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, Тимофей уын фӕзминаг уӕд
2018 АЗЫ 18–24 ИЮНЫ
15 Фӕзмут Йегъовӕйы, ныфсдӕттӕг Хуыцауы
2018 АЗЫ 25 ИЮНӔЙ 1 ИЮЛМӔ
20 Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауӕм!
Ацы дыууӕ статьяйы дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр ныфс кӕй уагъта ӕмӕ йӕ уыдон дӕр ӕнусты дӕргъы кӕй фӕзмынц, ууыл. Мах базондзыстӕм, абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын.
2018 АЗЫ 2–8 ИЮЛЫ
25 Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут?
Ӕрыгӕттӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын сӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы вӕййы, уӕд сын уый ӕрхӕссы стыр пайда. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, адӕймаг ӕрыгонӕй Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын райдайа ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕра, уый хорз цӕмӕн у.