Ацы брошюрӕйы ис
2018 АЗЫ 29 ОКТЯБРӔЙ 4 НОЯБРМӔ
3 «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут»
Адӕймаг зонындзинӕдтӕй куы нӕ пайда кӕна, уӕд ын ницы ӕххуыс уыдзысты. Фӕлӕ цӕмӕй, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, алыхуызон адӕмӕн чи хъусын кодта, иннӕты тыххӕй-иу чи куывта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дардта, ахӕм сӕрныллӕг адӕймӕгты цӕвиттонтӕм. Уыцы цӕвиттонтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм.
8 Нӕ ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕ уын уӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй аргъ кӕны
2018 АЗЫ 5–11 НОЯБРЫ
12 Фидар чи кӕны, ахӕм уарзондзинад уӕм уӕд
Ацы зын рӕстӕджыты хатгай нӕ ныфс асӕтты. Ӕмӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕ ӕмӕ Йесо баххуыс кӕнынц. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕуыл дӕр уыцы хӕс ис, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у кӕрӕдзийы уарзондзинады фӕрцы фидар кӕнын.
2018 АЗЫ 12–18 НОЯБРЫ
17 Амондджын сты, «амондджын Хуыцауӕн» чи лӕггад кӕны, уыдон
Йегъовӕ у амондджын Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм амондджын. Кӕд Хӕйрӕджы дунейы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд хорз уынаффӕ радта. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм амондджын уӕм.
2018 АЗЫ 19–25 НОЯБРЫ
23 Ӕппӕтхъомысджын у, фӕлӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕны
2018 АЗЫ 26 НОЯБРӔЙ 2 ДЕКАБРМӔ
28 Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ ут ӕмӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕнут
Ацы дунейы хиуарзон адӕмы ’хсӕн чырыстон ӕмбырд йӕ уарзондзинадӕй бӕрӕг дары. Уыцы уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у иннӕты хорзыл хъуыды кӕнын. Фыццаг статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ иннӕты хорзыл кӕй хъуыды кӕны, уый-иу куыд равдыста. Дыккаг статьяйы та ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон ӕй цавӕр хъуыддӕгты у бафӕзмын, уымӕ.