Ацы номыры ис
2019 АЗЫ 4–10 ФЕВРАЛЫ
Ӕцӕг чырыстӕттӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дзӕнӕтмӕ. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ ныфсӕн фидар бындур кӕй ис, уый Библийӕ куыд зыны. Стӕй ма базондзыстӕм, Чырысти дзӕнӕты тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд ӕмбаргӕ сты, уый дӕр.
2019 АЗЫ 11–17 ФЕВРАЛЫ
10 «Хуыцау цы баиу кодта», уымӕн кад кӕнут
Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Библи бинонты царды тыххӕй цы дзуры, уымӕ. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, бинонты цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый? Ӕмӕ, Библи хицӕн кӕныны ӕмӕ хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?
15 Биографи. Йегъовӕ-иу нын «хорздзинад ракодта»
2019 АЗЫ 18–24 ФЕВРАЛЫ
19 Ӕрыгӕттӕ, не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат
2019 АЗЫ 25 ФЕВРАЛӔЙ 3 МАРТЪИМӔ
24 Ӕрыгӕттӕ, уӕ бон у, ӕмӕ уӕ цардӕй райгонд уат
Ӕрыгӕтты арӕх фӕхъӕуы ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын, зӕгъӕм, сӕ цард куыд араздзысты, уый фӕдыл. Ахуыргӕнджытӕ сӕ арӕх фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ ӕмӕ ӕхцаджын куыстмӕ тырной. Фӕлӕ сын Йегъовӕ та амоны, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрой. Ацы дыууӕ статьяйы нын ӕмбарын кӕнынц, Хуыцаумӕ хъусын зондыл дзурӕг кӕй у.