Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/00 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 2/00 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февралы: «Бинонты амонды сусӕгдзинад». Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ майы: «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы хицӕн номыртӕ. Чи бацымыдис кодта, уыдонӕн раттӕн ис брошюрӕ «Цы домы». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай.

◼ Секретарь ӕмӕ службӕйон цӕстдарӕг хъуамӕ хатдзӕг скӕной ӕппӕт ӕххӕстрӕстӕг пионерты архайдӕн. Кӕд искӕмӕн сахатты нормӕ зын ӕххӕстгӕнӕн у, уӕд сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ баххуыс кӕной. Уый тыххӕй уынаффӕтӕ ссарӕн ис, ивгъуыд азты Ӕхсӕнад 1-ӕм октябрӕй цы фыстӕджытӕ (S-201) арвыста, уым. Кӕс ма «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыфы 1993 азы июны номыры 7—15 абзацтӕ (уырыс.).

◼ Секретарь хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй Регионалон арӕзтадон комитет зона, бланк «Анкета временного добровольца для работы на строительстве Залов Царства» (S-82) чи байдзаг кодта, уыцы аргъуыд хъусынгӕнджыты уавӕр. Бархи кусӕджы уавӕр куы фӕива, зӕгъӕм, ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ куы ацӕуа, йе та службӕйон ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг куы суа, уӕд ӕвӕстиатӕй байдзаг кӕнын хъӕуы ног бланктӕ ӕмӕ сӕ хъӕуы арвитын. Бархи кусӕджы адрис кӕнӕ телефоны номыр куы фӕива, йе та ӕмбырды фӕзминаг хъусынгӕнӕг куы нал уа, уӕд хистӕр ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уый тыххӕй ӕвӕстиатӕй ныффыссой фыстӕг регионалон комитетмӕ.

◼ Облӕстон конгрестӕ 2000 азы:

23—25 июны: Санкт-Петербург. 30 июны—2 июлы: Шимкент. 1, 2 июлы: Мурманск. 7—9 июлы: Волгоград, Иваново, Краснодар, Минск*, Шимкент. 14—16 июлы: Красноярск*, Пятигорск, Тараз*, Тюмень, Ухта. 21—23 июлы: Алма-Ата*, Екатеринбург*, Иркутск*, Дӕллаг Новгород*, Тбилис* (уырыссагау), Хабаровск*, Шахты. 28—30 июлы: Бишкек*, Дзӕуджыхъӕу (а), Воронеж, Новосибирск, Петропавловск-Камчатский, Стъарапол, Тбилис (гуырдзиагау). 4—6 августы: Абакан, Владивосток, Дзӕуджыхъӕу, Караганда, Каракол, Киров, Цънор (гуырдзиагау). 11—13 августы: Барнаул, Невинномысск*, Рудный*, Усть-Каменогорск, Хуссар-Сахалинск. 18—20 августы: Гур (гуырдзиагау), Джезказган, Ижевск, Кутаис (гуырдзиагау), Назарово, Семипалатинск. 25—27 августы: Актюбинск, Братск, Зугдид (гуырдзиагау), Къасп (гуырдзиагау), Мӕскуы, Павлодар, Прокопьевск, Сочи, Тольятти. 1—3 сентябры: Душанбе. 6—8 октябры: Санкт-Петербург#.

* Ацы конгресты программӕ тӕлмац цӕудзӕн къухтӕй амонгӕ ӕвзагмӕ.

# Ацы конгресс уыдзӕн ӕрмӕстдӕр къухтӕй амонгӕ ӕвзагыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын