«Махӕн нӕ бон нӕу... нӕ дзурын»
1 Йесо Чырысти йӕ хъус лӕмбынӕг дары, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ (Мтф. 28:20; Мар. 13:10). Кӕд 234 бӕстӕйы ӕхсӕз милуан хъусынгӕнӕгмӕ ӕввахс зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц, уӕддӕр нӕ бон нӕу зӕгъын, уыцы хъуыддаг йӕ кӕронмӕ кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый. Цалынмӕ нын Хуыцау нӕ зӕгъа, ацы куыст фӕцис, зӕгъгӕ, уӕдмӕ нӕ бон нӕу, цы базыдтам, уый тыххӕй «нӕ дзурын» (Ап. к. 4:20).
2 Уӕ ныфс Хуыцауы сыгъдӕг удыл дарут: Сайтан ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта (Рарг. 12:17). Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ ӕнӕххӕст буар дӕр ӕвзарын кӕны бирӕ зындзинӕдтӕ. Уыдӕттӕ нын, гӕнӕн ис, не ’ргом аздахой ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕй — хъусын кӕныны хъуыддагӕй. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕндзӕн цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр хизынӕн.
3 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тынг куы сырдтой, уӕд уыдон куывтой Хуыцаумӕ, цӕмӕй сын йӕ ныхас уӕндонӕй дзурынӕн ӕххуыс кодтаид. Иегъовӕ сын сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын радта йӕ сыгъдӕг уд, уыимӕ сӕ сразӕнгард кодта зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй хъусын кӕнынмӕ. Уӕд уыдон ӕнӕнцойӕ дарддӕр дӕр хорз уацхъуыд уӕндонӕй хъусын кодтой (Ап. к. 4:29, 31; 5:42).
4 Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй ма тӕрсут: Адӕмы цӕстӕнгӕстӕ кӕнӕ нӕ сӕ хахуыр ныхӕстӕ, чи зоны, тас уадзой. Фӕлӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕм, Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ синедрионы раз куыд ныфсджынӕй дзырдтой, уый. Уыцы хабар ис фыст Куыстыты 5:29—32-ӕм стихты. Закъонамонӕг Гамалиил загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы хъуыддаг нӕй фехалӕн. Уый махӕй кӕнгӕ нӕу. Ацы стыр хъуыддаджы фӕстӕ лӕууы Хуыцау, ӕмӕ йӕ уый йедтӕмӕ никӕй бон у бакӕнын! (Зах. 4:6).
5 Уӕдӕ алы бон дӕр Иегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй хъусын кӕнынӕн. Мах дӕр Иеремийау зӕгъӕм, зӕгъгӕ, Паддзахады тыххӕй уацхъуыд у, раст цыма не стджыты мидӕг пиллон арт ис, уыйау (Иер. 20:9). Махӕн нӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын!