Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Августы: 32-фарсон брошюрӕтӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн дзӕнӕт», «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм» ӕмӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?». Куы хъӕуа, уӕд радтӕн ис брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Сентябры: чиныг «Цард — куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?». Октябры: «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы хицӕн номыртӕ. Мӕйы фӕуды райдайын хъӕуы парахат кӕнын трактат «Паддзахады уацхъуыд» № 36, «Ног миназ. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны?». Ноябры: дарддӕр дӕр парахат кӕнын хъӕудзӕн трактат «Паддзахады уацхъуыд» № 36. Ацы трактатимӕ сӕ участоктыл, алы хӕдзар ӕмӕ алы фатерыл, цы ӕмбырдтӕ ӕрзилой, уыдонӕн сӕ бон парахат кӕнын у брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ чиныг «Базонынад».
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕй снысан кодта, уыцы ӕфсымӕр 1 сентябры кӕнӕ та цалдӕр боны фӕстӕ ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ хъуамӕ ӕркӕса. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыдысты.
◼ Алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕрвыст ӕрцӕудзысты бланктӕ, кӕцытӕ хъуамӕ сфаг уой 2001 лӕггаддзинады азӕн. Уӕ хорзӕхӕй, уыцы бланктӕй раст пайда кӕнут. Пайда сӕ кӕнут нысангонд цӕмӕн сты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
◼ 2000 азы 31 августы кӕнӕ цалдӕр боны раздӕр (фӕстӕдӕр) хъӕуы ауадзын ӕрвылазон инвентаризаци ӕмбырды цы литературӕ ӕмӕ журналтӕ ис, уыдонӕн. Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр ӕрвылмӕй литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр хъӕуы афтӕ саразын, ӕрмӕст иумӕйаг нымӕц ныффыссын хъӕудзӕн бланкы «Учет литературы» S(d)-18. Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис алы ӕмбырды дӕр, журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй, уыдон та хауынц литературӕйӕн дзуапдӕттӕг къордмӕ. Алы ӕмбырды дӕр райсдзысты ӕртӕ бланкы «Учет литературы» S(d)-18. Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг къорды цалдӕр ӕмбырд куы уа, уӕд бланк «Учет литературы» байдзаг кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕмбырд. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр хъуамӕ бланкы оригинал Ӕхсӕнадмӕ 6-ӕм сентябрмӕ арвита. Бланкы къопитӕй иу ныууадзут уӕ картотекӕйы. Дыккагӕй та спайда кӕнут литературӕ куы нымайат, уӕд. Инвентаризацимӕ йӕ хъус хъуамӕ дара дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретарь. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретарь ӕмӕ йӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг.
◼ Ног публикацитӕ:
«1999 Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы публикациты Индекс» (предмет № 6899; dx99) — англисаг
«Библион радзырдты чиныг» (гыццыл) (предмет № 5322; Smy) — абхазаг, сомихаг (скӕсӕйнаг)
«Зарут Иегъовӕйы кадӕн» (гыццыл) (предмет № 5320; Ssb) — гуырдзиаг, латышаг
«Чи у Йесо Чырысти?» (предмет № 7124; Т-24) — литоваг