Хъӕздыг стӕм Иегъовӕйы арфӕдзинадӕй
1 Адӕймаг куыд цӕры, уый арӕх фӕбӕлвырд кӕнынц, ӕхца йӕм цас ӕфты, уымӕ гӕсгӕ. Растдӕр уый тыххӕй бирӕтӕ хъӕздыг адӕмы нымайынц ӕппӕты амондджындӕр ӕмӕ райгонддӕр адӕмыл. Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон тынг рӕдийынц (Еккл. 5:12). Ӕхцайӕ «схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды», уыдонӕн сӕ циндзинад бирӕ нӕ хӕссы (1 Тим. 6:9). Уыдонӕй уӕлдай Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕцӕгӕйдӕр сты тынг амондджын ӕмӕ зӕххыл ӕппӕты хъӕздыгдӕр адӕм (Фӕс. н. 10:22; Рарг. 2:9). Цымӕ цӕмӕн?
2 Нӕ хъӕздыгдзинад цӕй мидӕг ис. Мах арф ӕмбарӕм Хуыцауы Ныхас Библи ӕмӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Иегъовӕ нын йӕ зӕххон организацийы уылты ӕдзухдӕр ӕргом кӕны йӕхи ӕмӕ йӕ Фырты, ӕмӕ нын уыцы зонындзинӕдтӕ хӕссынц пайда ӕнустӕм. Алцыдӕр раст кӕй ӕмбарӕм, уый руаджы нӕ бон у Иегъовӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнын ӕмӕ йемӕ ӕнгом ахастыты уын (Иак. 4:8). Хорз ӕвзӕрӕй кӕй хицӕн кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый руаджы нӕхи бахизӕм иуӕй-иу низтӕй ӕмӕ тӕссаг уавӕртӕй. Ныфс нӕ ис, Иегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ кӕй уыдзыстӕм райгонд ӕмӕ ӕдыхст (Мтф. 6:33).
3 Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ мах цӕрӕм хӕларӕй, уымӕн ӕмӕ кусӕм Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргътыл. Уарзондзинады фидар тӕгтӕй баст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм уӕззау рӕстӕджы афтӕ никуы фӕкӕсдзӕн, цыма нӕ Хуыцау кӕнӕ не ’фсымӕртӕ ныууагътой (Гал. 6:10).
4 Нӕ цардӕн ис ӕцӕг нысаниуӕг ӕмӕ бӕлвырд нысан. Ӕгас дунейыл хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы хайад кӕй исӕм, уый нымайӕм стыр кадыл. Адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ уа ӕмӕ цӕмӕй немӕ сыгъдӕг кувынады хайад исой, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Аргъ кӕмӕн нӕй, уыцы хӕзна — нӕ лӕггаддзинад — хӕссы кад Иегъовӕйӕн ӕмӕ нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй йын йӕ ном кӕй кадджын кӕнӕм, уый нын хӕссы циндзинад. Мах цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ фидӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ зонӕм, нӕ ныфс тагъд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый.
5 Аргъ кӕй кӕныс, уый ӕвдис. Цӕй уӕдӕ Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны руаджы мах стӕм зӕххыл ӕппӕты хъӕздыгдӕр адӕм (Фӕс. н. 22:4). Цы хӕзнатӕ нӕм ис, уыдоныл алыбон дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй Иегъовӕйӕ бузныг уӕм йӕ диссаджы уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ йыл дарддӕр дӕр иузӕрдион уӕм.