Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябры: чиныг «Цард — куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?». Октябры: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Мӕйы фӕуды райдайын хъӕуы парахат кӕнын трактат «Паддзахады уацхъуыд» № 36. Ноябры: дарддӕр дӕр парахат кӕнын хъӕудзӕн трактат «Паддзахады уацхъуыд» № 36. Ацы трактатимӕ сӕ участоктыл, алы хӕдзар ӕмӕ алы фатерыл цы ӕмбырдтӕ ӕрзилой, уыдонӕн сӕ бон парахат кӕнын у брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ чиныг «Базонынад». Кӕд адӕммӕ сты ацы публикацитӕ, уӕд та ис спайдагӕнӕн чиныг «Сфӕлдыстад»-ӕй. Декабры: чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад».
◼ Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 21—23-ӕм фӕрстыл лӕвӕрд уынаффӕтӕм; уыдон хауынц, ӕмбырды хъоды кӕуыл бакодтой кӕнӕ ӕмбырдӕй йӕхӕдӕг чи ацыд ӕмӕ ногӕй ӕмбырды уӕнг суӕвын кӕй фӕнды, уыдонмӕ.
◼ Ӕхсӕнад хъусынгӕнджыты сӕрмагонд заказтӕ литературӕйӕн не ’ххӕст кӕны. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй ӕрвылмӕй дӕр, цалынмӕ Ӕхсӕнадмӕ ӕмбырды ӕрвылмӕйон литературӕйы заказ арвитой, уӕдмӕ ӕмбырды фехъусын кӕна ӕмӕ литературӕ заказ кӕнын кӕй фӕнда, уыдон сӕ заказтӕ радтой, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уымӕ. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, сӕрмагонд курдиатмӕ гӕсгӕ цы публикацитӕ ӕрвитынц, уыдон.
◼ 2000 азы 1 сентябрӕй «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» райдайдзӕн цӕуын азербайджайнаг, ассаймаг, мизо ӕмӕ тумбукӕйы ӕвзӕгтыл ӕмӕ цӕудзӕн мӕй иу хатт.
◼ Ног публикацитӕ:
«Артын зындон — Хуыцауы мастисӕн?» (T-74) — сомихаг (ныгуылӕйнаг)
«Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» (kl) — абхазаг
«Библион радзырдты чиныг» (гыццыл) (Smy) — тӕтӕйраг
«Хуыцау махӕй цы домы?» (rq) — кӕсӕг-черкесаг
«Цӕмӕн ис ӕууӕндӕн Библийыл?» (T-13) — туркменаг
«Цавӕр ныфс ис уарзон амӕлджытӕн?» (T-16) — туркменаг
«Чи у Иеговӕ?» (T-23) — чехаг
«Чи у Йесо Чырысти?» (T-24) — чехаг, чувашаг
◼ Ног видеокассетӕтӕ:
«Хуыцау махӕй цы домы?» (vcrq, предмет № 2940) — уырыссаг (къухтӕй амонгӕ ӕвзагыл)