Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Январы: ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Февралы: чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» кӕнӕ ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Мартъийы: чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Уӕлдай тынгдӕр бацархай, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрелы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Дыккаг хатт адӕймагмӕ куы бацӕуай ӕмӕ цымыдис куы кӕна, уӕд ын радт чиныг «Базонынад» кӕнӕ брошюрӕ «Цы домы», уыимӕ бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.
◼ 8 январӕй райдайгӕ къуырийы лӕггаддзинады фембӕлды, 15 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы аргъуыд хъусынгӕнджытӕй кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон у райсын «Медицинон документ». 15 азӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн та сӕ бон у, ӕмӕ сын райсой «Удгоймаджы бӕлвырдгӕнӕн».
◼ Февралӕй райдайгӕйӕ 4 мартъийы онг районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдты дзурдзысты раныхас: «Тӕрхоны бон — тас ӕви ныфсы рӕстӕг?»
◼ Ацы аз Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 8 апрелы хуыцаубоны, хурныгуылды фӕстӕ, ӕмӕ ӕмбырдтӕ хъуамӕ сӕхи хорз бацӕттӕ кӕной. Кӕд раныхас хурныгуылды размӕ ис райдайӕн, уӕддӕр символтӕ адӕттӕн ис ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ. Бынӕттон службӕтӕй базонут, сымахмӕ хур кӕд аныгуылы, уый. Уыцы бон фембӕлдтӕй ӕрмӕстдӕр уацамындон фембӕлд кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыркӕнынад ахӕссат ӕндӕр бонмӕ. Районон цӕстдарджытӕ хъуамӕ сӕ фембӕлдты расписани уыцы къуырийӕн саразой бынӕттон уавӕртӕм гӕсгӕ. Хорз уаид, алы ӕмбырд дӕр Ӕрымысӕн изӕр хицӕнӕй куы бӕрӕг кӕнид, фӕлӕ уымӕн алкӕд фадат нӕ вӕййы. Иу Паддзахады залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, искӕцыты уыцы изӕрмӕ бахъӕудзӕн ӕндӕр агъуыст бацагурын. Хорз уаид, гӕнӕн кӕм уа, уым программӕты ’хсӕн 40 минуты бӕрц куы баззаид, цӕмӕй уа рӕстӕг уазджытӕн салам радтынӕн, ӕрӕджы цымыдис кӕнын чи райдыдта, уыдоны бафидар кӕнынӕн ӕмӕ цӕмӕй ацы изӕрӕй иууылдӕр фылдӕр пайда райсой. Хъӕуы ма бацархайын, цӕмӕй транспорты змӕлды уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм ӕмӕ нӕ машинӕтӕ фӕндагыл макӕй бахъыгдарой, пассажирты куы ӕрбаласӕм ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ куы ласӕм, уӕд. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ баныхас кӕна, бынӕттон уавӕрты хуыздӕр цы уыдзӕн, уый саразыныл.
◼ Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл 2001 азы 1 апрелы, хуыцаубоны, уыдзӕн сӕрмагонд раныхас. Раныхас хуыйндзӕн «Чи фервӕздзӕн?». Йӕ конспект ын райсдзыстут. Уыцы хуыцаубон районон цӕстдарӕг цы ӕмбырды уа, районон йе та специалон иубонон конгресс кӕмӕн уа, уыдон ацы раныхасмӕ байхъусдзысты 9 апрелӕй райдайгӕ къуыри. 2001 азы 1 апрелӕй раздӕр сӕрмагонд раныхас иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма радзурой.
◼ 2001 азы 1 январӕй «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» райдайдзӕн цӕуын каонде ӕмӕ сейшелаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ цӕудзӕн мӕй иу хатт, лози ӕвзагыл та райдайдзӕн цӕуын мӕй дыууӕ хатты.
◼ 2001 азы 8 январӕй «Райхъал ут!» райдайдзӕн цӕуын болгайраг ӕмӕ урду ӕвзӕгтыл ӕмӕ цӕудзӕн мӕй иу хатт. Уымӕй уӕлдай ма 2001 азы 8 январы номырӕй райдайгӕйӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» нидерландаг ӕмӕ польшӕйаг ӕвзӕгтыл цӕудзӕн аудиокассетӕйыл дӕр.
◼ Куыд зонут, афтӕмӕй 1999 азы 18 ӕмӕ 19 сентябры снывонд кодтой Уӕрӕсейы фыццаг Конгресты зал. Конгресты залы дуӕрттӕ гом сты алкӕмӕн дӕр. Фӕнды нӕ фехъусын кӕнын, экскурситӕ дзы кӕд вӕййы, уый: къуырисӕрӕй сабаты онг: 9.00—11.00; сихоры фӕстӕ: 13.00—17.00; хуыцаубоны: 13.00—17.00. Санкт-Петербургы облӕстон конгресс куы вӕййы, уӕд экскурситӕ вӕййынц ӕрмӕстдӕр 17.00—19.00. Районон ӕмӕ специалон иубонон конгрестӕ цы бонты фӕцӕуынц, уыцы бонты Конгресты залы экскурситӕ нӕ вӕййы. Уӕ хорзӕхӕй, экскурсийы тыххӕй рагацау баныхас кӕнут телефонӕй: (812) 394-5385 кӕнӕ 394-5381. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Конгресты залы адрис: Санкт-Петербург, Коломяжский проспект, 21.
◼ 2001 азы 1 февралӕй 1 апрелы онг Вефилы, Солнечнӕйы, ахуыр кӕндзӕн Лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 11-ӕм кълас. Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕлдай лӕмбынӕг куы ахуыр кӕной ӕмӕ куы архайой, уыцы рӕстӕгмӕ.
◼ Ног публикацитӕ:
«„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (bsi01, № 6401) — ирон, украинаг, уырыссаг, хъыргъызаг
«Библион радзырдты чиныг» (гыццыл) — хъыргъызаг
«Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг» — абхазаг
«Хуыцау махӕй цы домы?» — уйгураг
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статьятӕ № 1 (br1, № 7601) — ирон
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статьятӕ № 2 (br2, № 7602) — ирон
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статьятӕ № 3 (br3, № 7603) — ирон
«Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты? Цӕуыл ӕууӕндынц?» (jt, № 6646) — испайнаг, италиаг, нидерландаг, норвегиаг, португайлаг, сербаг, словакаг, словейнаг, уырыссаг, туркаг, урду, чехаг, шведаг
◼ Ног аудиокассетӕтӕ:
«Паддзахады мелодитӕ № 9» (хицӕн кассетӕ) (csm-9, № 1709) — англисаг