Теократон лӕггаддзинады скъола — фӕлхат кӕнын
2001 азы 1 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 23 апрелӕй райдайгӕ къуырийы онг Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты кӕрон ӕрмӕгмӕ цы амындтӕ ис, уыдон хъуамӕ уӕхӕдӕг раиртасат.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Кӕд ӕмӕ не ’нкъарӕнты тыххӕй уӕззау тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй хъуамӕ макуы кӕсӕм, уӕддӕр нӕ бон у Иосифы фӕзмын ӕмӕ нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракӕна, уыдонӕн нӕ хорззӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнын, куы ӕрфӕсмон кӕной, уӕд (Уӕв. 42:21; 45:4, 5) (w99 1.1. 31 ф., 2, 3 абз., уыр.).
2. Паралипоменоны 1-аг чиныджы ис алы мыггаджы фӕлтӕрты номхыгъд ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай ӕрмӕстдӕр фӕлхат кӕны Паддзахӕдты чингуыты фыст хабӕрттӕ (bsi01 5 ф., 1 абз.).
3. Фӕстаг бонты хицӕндзинӕдтӕ фыст сты ӕрмӕстдӕр Матфейы 24-ӕм сӕры, Маркы 13-ӕм сӕры ӕмӕ Лукайы 21-ӕм сӕры (kl 102 ф., рамкӕ).
4. Йесо сӕрныллӕгдзинад равдыста, духовон сферӕйӕ зӕхмӕ ӕрцӕуыныл ӕмӕ зӕдтӕй ныллӕгдӕр, адӕймаг, суӕвыныл кӕй сразы, уымӕй (Фил. 2:5—8; Дзут. 2:7) (w99 1.2. 6 ф., 3 абз.).
5. Сусаким Иудеймӕ кӕй бабырста ӕмӕ «Иегъовӕйы хӕдзары хӕзнатӕ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнатӕ» кӕй ахаста, уый бӕлвырд кӕны археологи (2 Пар. 12:9) (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
6. Йесо цы Паддзахады тыххӕй амыдта, уымӕн Хуыцауы хицауиуӕгады ис ӕххуысгӕнӕн, кӕнӕ фӕрсаг ахадындзинад (kl 91 ф., 4 абз.).
7. Адӕймаг хъуамӕ Хуыцауӕн хорзӕхы тыххӕй ма лӕггад кӕна (w99 15.4. 16 ф., 1 абз., уыр.).
8. Псалом 102:2-ӕм стихы Иегъовӕйы «хорз хъуыддӕгты» кой кӕнгӕйӕ, Давид дзырдта Хуыцауы сфӕлдыстадыл (w99 15.5. 21 ф., 5, 6 абз., уыр.).
9. Соломон, Зоровавель ӕмӕ Ирод цы кувӕндӕттӕ сарӕзтой ӕмӕ Моисей цы хӕсгӕ кувӕндоны цатыр скодта, уыдон амыдтой иу цӕмӕдӕр (bsi01 12 ф., 16 абз.).
10. Паралипоменоны 1-аг чиныджы фыст фӕлтӕрты номхыгъд фыццаг чырыстӕтты ӕмбырдӕн стыр пайда не ’рхаста (bsi01 7 ф., 23 абз.).
Дзуапп ратт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Иегъовӕ Ахавы хӕдзарӕн карз тӕрхон цӕмӕн рахаста? (3 Пад. 16:31; 4 Пад. 9:7, 26) (bsi01 4 ф., 34 абз.).
12. Псаломты чиныгӕй ӕмӕ Дзуттытӕм ӕрвыстӕй кӕцы стихтӕ амонынц, Йесо уӕларвмӕ ссӕугӕйӕ уайтагъд кӕй нӕ райдыдта хицауиуӕг кӕнын, уый? (kl 96 ф., 15 абз.).
13. Иудейы паддзах Озийыл цы ӕрцыд, уый нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ хорз миниуджытӕм раст ахаст дарынӕн? (2 Пар. 26:15—21) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 1.12. 26 ф., 1, 2 абз., уыр.).
14. Йесо йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй нын цавӕр диссаджы дӕнцӕг равдыста? (Иоан. 13:4, 5) (w99 1.3. 31 ф., 1 абз., уыр.).
15. 1 Паралипоменоны 14:8—17-ӕм стихты цы хабӕрттӕ ис, уыдонмӕ Исайы рӕстӕджы цӕрӕг иудейтӕ сӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ ӕрдардтаиккой ӕмӕ сӕм абон чырыстон дуне дӕр йӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ ӕрдара? (Ис. 28:21) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w91 1.6. 21 ф., 2, 3 абз., уыр.).
16. Ваалы кувынад израилӕгтӕй бирӕты зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд? (w99 1.4. 29 ф., 3—6 абз., уыр.).
17. Езеки, Иерусалимы цы дон уыд, уый бахъахъхъӕныныл ӕмӕ йӕ фӕфылдӕр кӕныныл кӕй бацархайдта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? (2 Пар. 32:3, 4) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w96 15.8. 6 ф., 1, 2 абз., уыр.).
18. Абон Иосийы дӕнцӕг ӕрыгӕтты куыд разӕнгард кӕны Хуыцауӕн кувынмӕ ӕмӕ мӕнг кувынады ныхмӕ фидар фӕлӕууынмӕ? (2 Пар. 34:3, 8, 33) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w90 1.8. 5 ф., 2 абз., уыр.).
19. Вавилоны израилӕгтӕй чи баззад, уыдон Хуыцауӕй иууылдӕр аздӕхтысты ӕмӕ нӕ уый цӕуыл ахуыр кӕны? (Ездрӕ 1:3—6) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.6. 8 ф., 4, 7 абз., уыр.).
20. Кувӕндон нывонд кӕныны рӕстӕджы музыкӕ куы цагъта ӕмӕ дзы зарджытӕ куы хъуыстысты, уӕд Иегъовӕ йӕ хӕдзар диссаджы хуызы мигъӕй кӕй байдзаг кодта, уый цӕуыл дзурӕг уыд? (2 Пар. 5:13, 14) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w94 1.5. 10 ф., 7 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн ӕмбӕлон дзырдтӕ кӕнӕ фразӕтӕй:
21. Исчи йе ’мчырыстонӕн уынаффӕ куы дӕтта, уӕд хъуамӕ фидарӕй зона, йӕ ныхӕстӕ адӕймаджы ․․․․․․․․ кӕнӕ ․․․․․․․․ кӕй нӕ бындуриуӕг кӕнынц, фӕлӕ Хуыцауы ․․․․․․․․ (Кол. 2:8) (w99 1.2. 29 ф., 1 абз.).
22. Сындзытӕ ӕвзарты рӕзын куыд нӕ уадзынц, афтӕ ӕгӕр ․․․․․․․․ ӕмӕ «․․․․․․․․ цыбӕлдзинад» хъыгдарынц адӕймаджы фӕлтӕрдджын чырыстон суӕвынӕн (Матф. 13:19, 22) (w99 15.3. 22 ф., 5 абз., уыр.).
23. Соломонӕн цы нӕ бантыст, уый цӕмӕй ӕцӕг чырыстонӕн бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ ․․․․․․․․ ма лӕггад кӕна ӕмӕ ӕххӕст кӕна ․․․․․․․․ ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «уарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Матф. 22:37; 1 Пар. 28:9) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 1.11. 17 ф., 17, 18 абз., уыр.).
Ацы ныхӕсты ссар раст дзуаппытӕ:
24. 4 Паддзахӕдты 17:5, 6-ӕм стихты дзырд цӕуы, (Тиглат-Паласар; Салманасар V; Асардан) Израилы дӕсфӕлтӕрон цӕгат паддзахадмӕ кӕй бабырста, ӕртӕ азмӕ Самарийыл кӕй ӕрхъула кодта ӕмӕ стӕй ассирийӕгтӕ уыцы бӕстӕ н. э. агъоммӕ (740; 607; 537) азы кӕй басастой, ууыл (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
25. Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы 25 сӕры ис фыст, иудейтӕ Вавилоны уацары куы бахаудысты, уый фӕстӕ Иерусалимы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, чиныг кӕй ныффыста (Данел; Иезекиль; Иереми), ӕмӕ ма ӕвдисы, чиныг фыст кӕй фӕцис н. э. агъоммӕ (580; 537; 455) азмӕ ӕввахс (4 Пад. 25:27) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс bsi00 24 ф., 3 абз., уыр.).
26. Рацыды 4:11-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Иегъовӕ Хуыцау «адӕймаджы кӕны гоби, къуырма, цӕстджын ӕмӕ куырм», нысан кӕнынц, уый (кӕй у аххосджын, исчи сахъатджынӕй куы райгуыры кӕнӕ цӕнкуыл куы свӕййы, уӕд; кӕй ӕвзары адӕмы алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн; кӕй уадзы адӕмы сахъатдзинӕдтӕ) (w99 1.5. 28 ф., 2 абз., уыр.).
27. 2 Паралипоменоны 36:17—23-ӕм стихты цы 70 азы кой ис, уыдон фесты н. э. агъоммӕ (537; 607; 677) азы (bsi01 10 ф., 35 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
28. Цӕмӕй нӕ зондахаст фӕивӕм ӕмӕ нӕхи Хуыцауы ӕцӕгадӕй фидар кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы архайын (w99 1.4. 22 ф., 2 абз., уыр.).
29. Уынаффӕ дӕтгӕйӕ ахсджиаг у арӕхстджынӕй дзурын (w99 1.2. 29 ф., 1 абз.).