Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/01 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 8/01 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Августы: 32-фарсон брошюрӕтӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн дзӕнӕт», «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм» ӕмӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?». Куы хъӕуа, уӕд ис радтӕн брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Сентябры: чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Октябры: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Ноябры: брошюрӕ «Хуыцау махӕй цы домы?» кӕнӕ чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Ацы публикацитӕ адӕммӕ куы уой, уӕд ма сын радтӕн ис 192-фарсон чингуытӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕй снысан кӕна, уыцы ӕфсымӕр 1 сентябры кӕнӕ та цалдӕр боны фӕстӕ ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ хъуамӕ ӕркӕса. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхцатӕ нымад кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй.

◼ Алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕрвыст ӕрцӕудзысты бланктӕ, кӕцытӕ хъуамӕ сфаг уой 2002 лӕггаддзинады азӕн. Уӕ хорзӕхӕй, уыцы бланктӕй раст пайда кӕнут. Пайда сӕ кӕнут, нысангонд цӕмӕн сты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

◼ 2001 азы 31 августы кӕнӕ цалдӕр бон раздӕр (фӕстӕдӕр) хъӕуы ауадзын ӕрвылазон инвентаризаци, ӕмбырды цы литературӕ ӕмӕ журналтӕ ис, уыдонӕн. Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр алы мӕй дӕр литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр хъӕуы афтӕ саразын, ӕрмӕст иумӕйаг нымӕц ныффыссын хъӕудзӕн бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис алы ӕмбырды дӕр, журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй, уыдон та хауынц литературӕйӕн дзуапдӕттӕг къордмӕ. Алы ӕмбырды дӕр райсдзысты ӕртӕ бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг къорды цалдӕр ӕмбырды куы уа, уӕд бланк «Учет литературы» байдзаг кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕмбырд. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр хъуамӕ бланкы оригинал Ӕхсӕнадмӕ 6-ӕм сентябрмӕ арвита. Бланкы къопитӕй иу ныууадзут уӕ картотекӕйы. Ӕртыккагӕй та спайда кӕнут, литературӕ куы нымайат, уӕд. Инвентаризаци хъуамӕ уагъд ӕрцӕуа дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретары къухдариуӕгадӕй. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретарь ӕмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг.

◼ Ацы азӕй фӕстӕмӕ пионерӕн Пионерон лӕггаддзинады скъолайы ахуыр кӕныны бар уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр ыл 16 азы куы сӕххӕст уа, уӕд (стӕй ма, скъола цы аз цӕуа уагъд, уыцы аз ыл 1 сентябрмӕ 16 азы куы сӕххӕст уа, уӕд дӕр). Фӕлӕ уыцы къласы ӕвзонг пионерӕн йӕ ныййарджытӕй исчи куы ахуыр кӕна, уӕд уый дӕр, гӕнӕн ис, скъоламӕ фӕхоной.

◼ 2001 азы 15 июлӕй «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» санго ӕвзагыл цӕудзӕн мӕй дыууӕ хатты. Ноджыдӕр ма 2001 азы 1 сентябрӕй «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» суахили ӕвзагыл, стыр дамгъӕтӕй, цӕудзӕн мӕй дыууӕ хатты.

◼ Ног публикацитӕ:

«„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» — тамилаг

«Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!» — узбекаг

«Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», I том — китайаг, китайаг (хуымӕтӕг)

«Хуыцауы разамынд нӕ кӕны Дзӕнӕтмӕ» — тӕтӕйраг

«Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац» (bi12) — себуанаг

◼ Ног аудиокассетӕтӕ:

«Аргъ кӕн дӕ монон бынӕн» — португайлаг

«Дӕхи хъахъхъӕн, цӕмӕй Иегъовӕйӕ иуварсгӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад ма фӕцуда» — корейаг

«Зондзонӕн дӕнцӕгтӕ Хуыцауы нырыккон лӕггадгӕнджытӕн» — эстойнаг

◼ Ног видеокассетӕтӕ:

«Фыдӕвзарӕнты иузӕрдион. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы» (vcut, № 2312; ацы видеофильмы ӕвдыст цӕуы не ’фсымӕрты цард Уӕрӕсейы. Нырма уал ис ӕрмӕстдӕр уырыссаг ӕвзагыл).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын