Теократон лӕггаддзинады скъола — фӕлхат кӕнын
2002 азы 7 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 22 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ, цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты фӕстӕ цы ӕрмӕг ис амынд, уымӕ хъуамӕ уӕхӕдӕг ӕркӕсат. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгмӕ», гӕнӕн ис, фарс ӕмӕ абзац алкӕд амынд ма уой.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Екклесиасты 2:2-аг стихы Соломон цы загъта, уый дзурӕг у, худын ӕмӕ цин кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ууыл (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 15.2. 21 ф., 5 абз., уыр.).
2. Екклесиасты чиныг адӕймаджы ныфс нӕ сӕтты, уый, зынаргъ дуртӕ куыд ӕрттывтытӕ калынц, уыйау Хуыцауы зонды рухс калы ӕмӕ ӕвдисы, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуынц арӕзт, уыдон зиан кӕй хӕссынц (bsi02-1 5 ф., 15 абз.).
3. Исайы 1:7-ӕм стихы пехуымпар дзуры, Ахазы паддзахиуӕгады рӕстӕджы Иудӕ цы уӕззау уавӕры уыд, уый тыххӕй (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 17 ф., 16 абз., уыр.).
4. Махӕн нӕ бон у ӕнусон царды аккаг суӕвын Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ. (kl 182 ф., 4 абз.).
5. Цы нын ис, уымӕй,— нӕ рӕстӕгӕй, нӕ курдиӕттӕй, нӕ тыхтӕй ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕй,— рӕдауӕй «Иегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм», уӕд хайджын уыдзыстӕм Иегъовӕйы монон арфӕдзинӕдтӕй (Ӕмб. 3:9, 10) (w00 15.1. 25 ф., 1 абз., уыр.).
6. Исайы 28:21-ӕм стихы цы «ӕнахуыр хъуыддаг ӕмӕ диссаг архайды» тыххӕй уыд развӕлгъау загъд, уый абон амоны адӕмты скуынӕгмӕ Армагеддоны (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 295 ф., 16 абз.; 301 ф., 28 абз., уыр.).
7. Матфейы 24:38, 39-ӕм стихтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй, Нойы рӕстӕджы адӕм хӕрд ӕмӕ нозты йедтӕмӕ кӕй ницӕуыл хъуыды кодтой, ӕмӕ ма ӕндӕр зӕххон хъуыддӕгты дӕр кӕй аныгъуылдысты, уый тыххӕй фесӕфтысты Доны хъаймӕты (w00 15.2. 6 ф., 6 абз., уыр.).
8. Иегъовӕ алы хатт дӕр сӕххӕст кӕны, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыцы сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты курдиӕттӕ (w00 1.3. 4 ф., 3 абз.).
9. Исайы 60:3-ӕм стихы цы «адӕмты» кой цӕуы, уыдон сты хицӕн бӕстӕты адӕмтӕ, Хуыцауы рухс йӕхимӕ кӕй ӕлвасы, уыдон (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 1.1. 23 ф., 4 абз.).
10. Цалынмӕ Иереми нӕ райгуырд, уӕдмӕ йӕ Иегъовӕ «ссыгъдӕг кодта», ома Иеремийӕн йӕ хъысмӕт йӕ ныхыл ныффыста (Иер. 1:5) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 1.9. 8 ф., 2 абз., уыр.).
Дзуапп радт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Екклесиасты 11:1-ӕм стихы «дзул уадзын» цы нысан кӕны? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 15.2. 22 ф., 11 абз., уыр.).
12. Исайы 6:8-ӕм стихы Иегъовӕ «мах» куы загъта, уӕд кӕй кой кодта? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 93, 94 ф., 13 абз., уыр.).
13. Исайы 9:2-аг стих сӕххӕст кӕнынӕн Галилейы «стыр рухс» куыд срухс кодта? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 126 ф., 17 абз., уыр.).
14. Н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилон кӕй бабын ӕмӕ ӕппынфӕстаг заууатмӕ кӕй ӕрцыд, уый абон цӕимӕ ис абарӕн? (Ис. 13:19, 20; 14:22, 23) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 188 ф., 30, 31 абз., уыр.).
15. Исайы 21:6-ӕм стихы цы «хъахъхъӕнӕджы» тыххӕй дзырдӕуы, уый хӕс «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» куыд ӕххӕст кӕны? (Матф. 24:45) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 221, 222 ф., 11 абз., уыр.).
16. Цавӕр зондджын уынаффӕ ис Ӕмбисӕндты 31:10-ӕм стихы, цардӕмбал чи агуры, ахӕм ӕрыгон лӕппуйӕн? (w00 1.4. 30 ф., 8 абз.).
17. Исайы 43:9-ӕм стихы Иегъовӕ адӕмты хуыцӕуттӕм тӕрхонмӕ куыд сиды? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 1.7. 16 ф., 3 абз., уыр.).
18. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон къӕхтӕ «рӕсугъд» куыд сты? (Ис. 52:7). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 15.4. 27 ф., 6 абз., уыр.).
19. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ нӕ зӕрдӕ ма сайа? (Иер. 17:9). (w00 1.3. 30 ф., 4 абз., уыр.).
20. Цы хъуамӕ аразой, «Иегъовӕйы фӕндагыл чи цӕуы», уыдон? (Иер. 7:23). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 15.8. 29 ф., 6 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдты къордтӕй:
21. Дзырд «рахизырдыгӕй» арӕх ․․․․․․․․ , кӕй фӕамоны, уымӕ гӕсгӕ разагъд «зондджыны зӕрдӕ ис йӕ рахизырдыгӕй», зӕгъгӕ, нысан кӕны, зондджын адӕймаджы йӕ ․․․․․․․․ , кӕй разӕнгард кӕны хорз фӕндагыл цӕуынмӕ (Еккл. 10:2; Матф. 25:33). (2, Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 15.2. 22 ф., 8 абз., уыр.).
22. Соломоны зарӕг нӕ ахуыр кӕны Хуыцауы уагӕвӕрдтыл ․․․․․․․․ , ․․․․․․․․ ӕмӕ ․․․․․․․․ . (bsi02-1 7 ф., 16 абз.).
23. Исайы 33:1-аг стихмӕ гӕсгӕ, Иудӕйы сахартӕ чи фӕхаста, уыцы стигъӕг у ․․․․․․․․ , фӕлӕ н. э. агъоммӕ 632 азы уый йӕхӕдӕг дӕр састы бынаты баззад, ․․․․․․․․ , цӕрджытӕн та уый фӕстӕ баззад стыр тӕлӕт ӕмӕ йӕ «мӕтыхтау ӕмбырд кодтой» (Ис. 33:4). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1, 343 ф., 4 абз.; 345 ф., 6 абз., уыр.).
24. Исайы 54:1-аг стих ӕмӕ Галатӕгтӕм 4:26, 27-ӕм стихты абарстӕй бӕрӕг у, «ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг» кӕй ӕвдисы ․․․․․․․․ , ӕмӕ «лӕг кӕмӕн ис», уый та — ․․․․․․․․ (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w95 1.8. 11 ф., 8 абз., уыр.).
25. Уацамынды ныл исчи куы бахуда кӕнӕ нӕм куы нӕ байхъуса, уӕд хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ныхмӕ кӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ ․․․․․․․․ , ныхмӕ уымӕн ӕмӕ нӕ уацхъуыд уымӕй цӕуы (2 Кор. 4:1, 7). (w00 1.2. 16 ф., 1 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн раст дзуаппытӕй:
26. Павел Йесойы уӕларвон кад цы цӕстылуайӕны федта, уый тыххӕй куы фыста, уӕд йӕхи схуыдта «ӕнафоны гуырдз», ӕмӕ йӕ уымӕй фӕндыд зӕгъын, (ӕрӕджы сыгъдӕг удӕй кӕй райгуырд; рагацау адӕмты апостолӕй нысангонд кӕй ӕрцыд; уый афтӕ кӕй уыд, цыма афонӕй раздӕр ахӕм уӕлидзинад райста, цӕмӕй ногӕй райгуыра, кӕнӕ раудгас уа, уӕларвон цардмӕ). (1 Кор. 9:1; 15:8) (w00 15.1. 29 ф., 6 абз., уыр.).
27. Ном «Ӕнусон Фыд» амоны Мессианон Паддзахмӕ кӕй ис уыцы тых ӕмӕ бар, цӕмӕй адӕмӕн (монон тых; ӕнӕмӕлгӕ цард уӕларвыл; зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат) радта (Ис. 9:6; Иоан. 11:25, 26). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 131 ф., 26 абз., уыр.).
28. Исайы 66:7-ӕм стихы цы «фырты» райгуырды тыххӕй дзырдӕуы, уый абон ӕвдисы (Йесо Чырыстийы; Мессианон Паддзахад; 1919 азы цы ног монон адӕм фӕзынд, уыдоны). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w95 1.1. 11 ф., 3 абз., уыр.).
29. Екклесиасты чиныг Соломон кӕй ныффыста, уый сбӕрӕг кӕнӕн ис, (йӕ ном кӕй ӕмбӕлы чиныджы, уымӕй; Библийы иннӕ чингуытӕ чи фыста, уыдон ӕй кӕй нымайынц уыцы чиныджы фыссӕгыл; чиныгӕн йӕхицӕй, кӕд дзы Соломоны кой нӕй, уӕддӕр). (bsi02-1, 3 ф., 4 абз.).
30. Иеремийы 7:28-ӕм стихы цы «адӕмы» тыххӕй дзырдӕуы, «Иегъовӕйы хъӕлӕсмӕ чи нӕ хъусы», уый абон у (Стыр Вавилон; чырыстон дуне; ӕвдӕм дунеон паддзахад). (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 1.9. 15 ф., 10 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
Ӕмб. 24:16; Еккл. 3:11; Ис. 40:8; Иер. 7:31; Ром. 10:15
31. Йӕ рӕстӕджы раргом уыдзӕн, Хуыцауӕн йӕ алы хъуыддаг дӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уа, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 15.2. 21 ф., 8 абз., уыр.).
32. Ныййарджытӕн сӕ фылдӕр хъуыды дӕр никуы акӕндзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты гуымирытӕн нывондӕн хӕссой, фӕлӕ уӕддӕр тынг бирӕ сывӕллӕтты амардтой аборттӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ дуне ӕвзонг адӕмы ӕрхастой хӕсты нывондхӕссӕныл (Библийы ӕрвылкъуырион каст, кӕс w88 1.10. 7 ф., 3 абз., уыр.).
33. Царды алцы ӕнцонтӕй нӕ рауайы, фӕлӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг уӕддӕр йӕ къухтӕ нӕ ауадзы ӕмӕ фӕтырны хорздзинад аразынмӕ (w00 1.2. 5 ф., 1 абз., уыр.).
34. Хуыцауы ныхас, кӕнӕ йӕ бӕрӕг фӕндон, ницы аивдзӕн ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнын дӕр ницы бахъыгдардзӕн (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс ip-1 401, 402 ф., 10 абз.).
35. Йесойы апостолтӕ хорз пайда кодтой Исайы пехуымпарадӕй уацамынды (bsi02-1 12 ф., 37 абз.).