Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 июль (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, фыдгӕнджытӕ зындоны хъизӕмар кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи хорз ӕмбарын кӕны, тӕригъӕды тыххӕй цы ӕфхӕрд ӕмбӕлы, уый. [Бакӕс Ромӕгтӕм 6:23а.] Уӕдӕ артын зындоны фӕхъизӕмар кӕнынц? Ӕви адӕймаг Хуыцауӕй дард кӕй у, уый ууыл дзурӕг у? Мӕнӕ ацы журнал уыцы фарстытӕн дзуапп дӕтты Библийӕ».
«Райхъал ут!», 22 июль (уыр.)
«Бирӕтӕм ӕхцайыл хъазын ӕвзӕр нӕ кӕсы. Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, уый бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнадӕн дӕр зиан кӕй хӕссы. Ацы журнал «Райхъал ут!», зӕгъгӕ, уыцы фарста раиртӕста, ӕрӕджы мыхуыры цы иртасӕн куыстытӕ рацыд, уыдонмӕ гӕсгӕ. Чи зоны ма дӕ фӕнды базонын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ уый раст у ӕви нӕ». Цӕвиттонӕн бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:10.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 авг.
«Бирӕтӕ мӕнгуырнындзинӕдтӕ ӕмӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ нымайынц хиирхӕфсӕнтыл. Искуы ахъуыды кодтай, уыдон кӕцӕй фӕзындысты, ууыл? [Дзуапп куы радта, уӕд ын бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 11:14.] Ацы журналы дзырдӕуы, Библийы мӕнгуырнындзинӕдты тыххӕй цы ис фыст, уый тыххӕй».
«Райхъал ут!», 8 авг. (уыр.)
«Бирӕтӕ тынг тыхсынц, фыдракӕндтӕ ӕмӕ терроризм афтӕ кӕй сарӕх сты, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ Екклесиасты 8:9 ныхӕстимӕ. [Бакӕс ӕй ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы «Райхъал ут!»-ы ис ивгъуыд заманты цӕвиттонтӕ ӕмӕ дзы дзырдӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕн тагъд кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн».