Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/02 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 9/02 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябры: чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» Октябры: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» Адӕймаг куы бацымыдис кӕна, уӕд ма йын ис радтӕн брошюрӕ «Цы домы». Бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Ноябры: «Хуыцау нӕ цы домы?» ӕмӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Ацы брошюрӕ ӕмӕ чиныг адӕммӕ куы уой, уӕд сын радтӕн ис ӕндӕр литературӕ. Декабры: чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Парахат кӕнӕн ма ис «Мӕ библион радзырдты чиныг» дӕр.

◼ Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕркӕсой 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 21—23-ӕм фӕрстыл (уыр.) лӕвӕрд уынаффӕтӕм; уыдон хауынц, ӕмбырды хъоды кӕуыл бакодтой кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта ӕмӕ ногӕй ӕмбырды уӕнг суӕвын кӕй фӕнды, уыдонмӕ.

◼ Филиал хъусынгӕнджыты сӕрмагонд заказтӕ литературӕйӕн не ’ххӕст кӕны. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй-иу ӕрвылмӕй дӕр, цалынмӕ филиалмӕ ӕмбырды ӕрвылмӕйон литературӕйы заказ арвитой, уӕдмӕ ӕмбырды фехъусын кӕной ӕмӕ литературӕ заказ кӕнын кӕй фӕнда, уыдон сӕ заказтӕ радтой, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, сӕрмагонд курдиатмӕ гӕсгӕ цы публикацитӕ ӕрвитынц, уыдон.

◼ 2002 азы октябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад» хъуамӕ байуарат, облӕстон конгресс куы ахицӕн уа, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.

◼ 2003 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас уыдзӕн 27 апрелы, хуыцаубоны. Раныхасы ном фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр ӕмӕ йын йӕ конспект дӕр райсдзыстут. Уыцы хуыцаубон районон цӕстдарӕг цы ӕмбырды уа, йе та конгресс кӕмӕн уа, уыдон уыцы сӕрмагонд раныхасмӕ байхъусдзысты къуыри фӕстӕдӕр. Сӕрмагонд раныхас 2003 азы 27 апрелӕй раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.

◼ Ӕхсӕнад мыхуырмӕ цӕттӕ кӕны чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» уырыссаг ӕвзагыл, стыр дамгъӕтӕй (kllp, предмет № 6226). Цал чиныджы хъӕуы ныммыхуыр кӕнын, уый базонынӕн уӕ курӕг стӕм, цӕмӕй уӕ заказтӕ арвитат 2002 азы 1 сентябры онг. Цалынмӕ чиныг не ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ӕрвитинаг публикациты хыгъды нысан кӕндзысты «Заказ зарегистрирован»-ы.

◼ Ног публикацитӕ:

«Ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы» — англисаг (Брайлы шрифт), га, игбо, исоко, испайнаг (Брайлы шрифт), йорубӕ, тви, эве, эфик

«Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн» II том (ip-2) — панджаби

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын