Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/02 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 11/02 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Ноябры: «Хуыцау нӕ цы домы?» кӕнӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Ацы брошюрӕ ӕмӕ чиныг хӕдзары хицаумӕ куы уой, уӕд ма йын раттӕн ис ӕндӕр литературӕ дӕр. Декабры: чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Парахат кӕнӕн ма ис «Мӕ библион радзырдты чиныг» дӕр. Январы: ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Февралы: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?»

◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ 1 декабры кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд.

◼ Ӕмбырдтӕн сӕ бон у райдайын заказ кӕнын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы томтӕ (хъӕбӕрцъаримӕ) 2002 азӕн. Хъӕбӕрцъар томтӕ рацӕудзысты ахӕм ӕвзӕгтыл: англисаг, грекъаг, испайнаг, италиаг, китайаг, корейаг, немыцаг, нидерландаг, польшӕйаг, португайлаг, румынаг, уырыссаг, французаг, хорватаг, япойнаг. Цалынмӕ хъӕбӕрцъар томтӕ нӕ фӕзыной, уӕдмӕ уал уый тыххӕй фыст уыдзӕн, цы публикацитӕ ӕрвитӕм, уыдоны номхыгъды (CS-74), «Заказ регистрацигонд у», зӕгъгӕ. Хъӕбӕрцъар томтӕ ӕрвитынц сӕрмагонд заказмӕ гӕсгӕ.

◼ Фӕнды нӕ фехъусын кӕнын, 2003 азы 1 январӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» азербайджайнаг ӕвзагыл (кириллицӕйыл; wAJ) мыхуыры нал цӕудзӕн. Латинаг алфавиты бындурыл азербайджайнаг ӕвзагыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (латиницӕйыл; wAJR) куыд цыд, дарддӕр дӕр афтӕ цӕудзӕн. Ӕппӕт ӕмбырдты дӕр курӕм, цӕмӕй сӕ журналты заказтӕм ӕркӕсой, ӕмӕ сӕ кӕд хъӕуы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» азербайджайнаг ӕвзагыл (латиницӕйыл), уӕд сӕ ӕвӕстиатӕй ныззаказ кӕной.

◼ Нал ис:

«Бинонты амонды сусӕгдзинад» — азербайджайнаг (кириллицӕ)

«Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн» I том (стыр) — уырыссаг

◼ Ног литературӕ:

«Кувут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн» — игбо, йорубӕ

«Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» (Т-26) — индонезиаг

«Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола» — тайаг

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн 1986—2000 азтӕ» — испайнаг

«Чи сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ» (Т-73) — индонезиаг

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын