Пионерӕй лӕггад кӕнын — диссаджы фадат Иегъовӕйы бафӕлварынӕн ӕмӕ, хорз кӕй у, уый фенынӕн
1 «Пионерӕй лӕггад кӕнын цӕй амондджын хъуыддаг у, уый банкъарынӕн адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг суа пионер». Пионерӕй бирӕ рӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдон иууылдӕр афтӕ зӕгъиккой. Уыцы иузӕрдион пионертӕ сӕ лӕггадӕй афтӕ райгонд цӕмӕн сты? Уыдон «бафӕлвӕрдтой ӕмӕ федтой, Иегъовӕ хорз кӕй у» (Пс. 34:8, НД [33:9]; 1 Пет. 2:3).
2 Кӕмӕн у йӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын? Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон иууылдӕр ӕнӕниз, хъаруджын ӕмӕ дзырдарӕхст сты, стӕй иннӕтимӕ уайтагъд иу ӕвзаг ссарынц ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафынц. «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» 1983 азы июлы номыры (англ.) дзырд цыди, уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр цы у, ууыл: «Куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг пионер уымӕн свӕййы, ӕмӕ йӕ фӕндгӕ фӕкӕны» (Матф. 17:20). Уӕдӕ сӕйрагдӕр у, пионеры зӕрдӕйы уаг дын ис ӕви нӕ.
3 Цы у «пионеры зӕрдӕйы уаг»? Уый у раст ахаст хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхстмӕ. Пионеры зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, уыдон сӕхи уды хардзӕй цӕстуарзонӕй ӕххуыс кӕнынц иннӕтӕн. Уыдонӕн ӕцӕг зӕрдӕрухсы хос у Йесойы фӕзмын ӕмӕ сын зӕххон хъуыддӕгтӕй ӕхсызгондӕр сты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ. Ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕмӕндӕриддӕр ис, уыдонӕн сӕ уавӕртӕ куыддӕр амоной, афтӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайдзысты.
4 Цыппар къахдзӕфы. Дӕ фадӕттӕм ӕркӕс. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хорз уаид ӕргомзӕрдӕйӕ Хуыцаумӕ скувын, пионерӕй лӕггад кӕнын дӕ бон у ӕви нӕ, уый бамбарыны тыххӕй. Кӕд дын ныртӕккӕ уый фадат нӕй, уӕд — иннӕ къахдзӕф: фадат ын ссар. Уый тыххӕй дӕ бахъӕудзӕн дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын: ӕнахадгӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзын, афтӕ ӕхсызгон дӕ чи нӕ хъӕуы ӕмӕ дын дӕ рӕстӕг чи хӕры, уыцы дзауматӕй фервӕзын (Матф. 19:12, 21, 27, 29; «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыф 1998 аз, июль; уыр.). Спайда кӕн хорз фадатӕй: куыддӕр фӕхатай, ӕмӕ дӕ тынг ницыуал къуылымпы кӕны, афтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ райдай пионерӕй лӕггад кӕнын (Ап. к. 8:36, 38). Фыццаг уал дӕ бон у, ӕмӕ бафӕлварай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй.
5 Пионерӕй лӕггад кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, «Иегъовӕ хорз кӕй у». Нӕ ӕрыгон хо, пионерӕй цы фараст азы фӕлӕггад кодта, уыдон мысгӕйӕ, загъта: «Иегъовӕмӕ афтӕ баввахс дӕн, ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма мын мӕ къухыл хӕцы [...] Пионерӕй лӕггад кӕнынӕй дарддӕр ма цы хӕссы ахӕм циндзинад, ахӕм удӕнцой ӕмӕ ахӕм арфӕдзинӕдтӕ?» (Пс. 72:23). Авд азӕй фылдӕр пионертӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус та мӕнӕ цы загътой: «Цы ма хъуамӕ кусой, нӕ кары чи ис ӕмӕ нӕ уавӕрты чи ис, ахӕм лӕг ӕмӕ ус? Арӕх сӕ фенӕм — сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн сӕ хъарм хӕдзӕртты фӕбадынц, фӕйнӕрдӕм цӕуынц, зӕронд кӕнынц ӕмӕ сыл зивӕг бахӕцы. Мах та, пионертӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы зондӕй ӕмӕ буарӕй дӕр стӕм цӕрдӕг. Мах алыхатт дӕр вӕййӕм иумӕ. Хъӕлдзӕг ӕмӕ амондджын цард кӕнӕм». О, пионерӕй сыгъдӕг зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ома иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнынмӕ чи тырны, уыдон бирӕ хорздзинӕдтӕй сты хайджын (Ӕмб. 11:25).