Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/03 3 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 1/03 3 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Январы: ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Февралы: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрелы: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Дыккаг хатт адӕймагмӕ куы бацӕуай ӕмӕ цымыдис куы кӕна, уӕд ӕй ныффысс, журналтӕ хӕссын кӕмӕ хъӕуы, уыдоны хыгъды. Адӕймаджы ахуыр кӕнын куы фӕнда, уӕд ын ратт брошюрӕ «Цы домы».

◼ Февралӕй райдайгӕйӕ 2 мартъийы онг районон цӕстдарджытӕн ӕмбырдты уыдзӕн раныхас: «Ирвӕзындзинад талынг дунейӕ».

◼ Ӕмбырдтӕ хъуамӕ хорз бацӕттӕ кӕной, цӕмӕй ацы аз Ӕрымысӕн изӕр 16 апрелы, ӕртыццӕджы, хурныгуылды фӕстӕ сбӕрӕг кӕной. Кӕд раныхас хурныгуылды размӕ ис райдайӕн, уӕддӕр символтӕ адӕттӕн ис ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ. Бынӕттон службӕтӕй базонут, сымахмӕ хур кӕд аныгуылы, уый. Иу Паддзахады залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, искӕцыты уыцы изӕрмӕ бахъӕудзӕн ӕндӕр агъуыст бацагурын. Хорз уаид, гӕнӕн кӕм уа, уым программӕты ’хсӕн 40 минуты бӕрц куы баззаид, цӕмӕй ацы Изӕрӕй иууылдӕр фылдӕр пайда райсой. Хъӕуы ма бацархайын, цӕмӕй транспорты змӕлды уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм ӕмӕ нӕ машинӕтӕ фӕндагыл макӕй бахъыгдарой, искӕй немӕ куы ӕрбаласӕм ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ куы ласӕм, уӕд. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ баныхас кӕна, бынӕттон уавӕрты хуыздӕр цы уыдзӕн, уый саразыныл.

◼ Ацы номырӕй «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы ног литературӕйы тыххӕй нал хъусын кӕндзыстӕм. Уыцы хъусинӕгтӕ алы мӕй дӕр ӕрвыст цӕудзысты алы ӕмбырдмӕ дӕр фыстӕг «Хъусинаг ӕппӕт ӕмбырдтӕм»-ы. Зӕгъӕм, фыстӕг «Хъусинаг ӕппӕт ӕмбырдтӕм» куы райсат, уӕд уӕ бон у, уе ’мбырдӕн цымыдисаг чи уа, уыцы хъусинӕгтӕ иннӕ Лӕггаддзинады фембӕлды фехъусын кӕнын. Уый фӕстӕ «Хъусинаг» ӕрцауындзӕн ис хъусинӕгты фӕйнӕгыл. Стӕй йӕ литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр хъуамӕ бафснайа иннӕ гӕххӕттытимӕ.

◼ Ацы номыры ис ӕрмӕг (I хай) чиныгӕй «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы удӕй ӕмӕ пайда у» [si], зӕгъгӕ. Бафснай ут ӕй, уымӕн ӕмӕ 2003 азы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕйы иуӕй-иу хӕслӕвӕрдтӕ бындуриуӕг кӕндзысты уыцы ӕрмӕгыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын