Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/03 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 3/03 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ майы: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Хорз уаид, адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, хъусынгӕнджытӕ куы дзуриккой, кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон кӕй у, ӕппӕтдунеон архайдӕн мысайнаг раттын. Чи бацымыдис кодта, уыдонмӕ дыккаг хатт куы цӕуай, уӕд бацархай, цӕмӕй сын раттай чиныг «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн». Ӕппӕт тыхтӕй архай искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын, уӕлдайдӕр та чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы»-йӕ чи ахуыр кодта, уыдонимӕ. Июны: Чиныг «Базонынад» кӕнӕ брошюрӕ «Цы домы». Ацы чиныг ӕмӕ брошюрӕ искӕмӕ куы уой, уӕд ма йын раттӕн ис, ӕмбырды цы брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй ӕндӕр искӕцы.

◼ Апрелы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон ӕй хъуамӕ ныр аскъуыддзаг кӕной ӕмӕ рагацау сӕ курдиӕттӕ бадӕттой. Уый баххуыс кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уацамындон хъуыддӕгтӕ спълан кӕнынӕн ӕмӕ журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр литературӕ ӕрцӕттӕ кӕнынӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионертӕй нысангонд чи ӕрцӕуа, уыдоны нӕмттӕ алы мӕй дӕр хъӕуы ӕмбырды фехъусын кӕнын.

◼ Филиал не ’ххӕст кӕны хъусынгӕнджыты сӕрмагонд заказтӕ литературӕйӕн. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй-иу ӕрвылмӕй дӕр, цалынмӕ филиалмӕ ӕрвылмӕйон литературӕйы заказ арвитой, уӕдмӕ ӕмбырды фехъусын кӕной ӕмӕ литературӕ ныззаказ кӕнын кӕй фӕнда, уыдон сӕ заказтӕ раттой литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, сӕрмагонд курдиатмӕ гӕсгӕ цы литературӕ ӕрвитынц, уый.

◼ Ногӕй мыхуыры рацыд брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы». Ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ пайда кӕндзыстӕм уымӕй, зӕрондӕй нӕ фӕлӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын