Ӕцӕгад нӕ куыд сӕрибар кӕны
1 Иу хатт Йесо, иудейтӕй йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕгад базондзыстут, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕни» (Иоан. 8:32, НФ). Уый дзырдта ӕхсӕнадон сӕрибардзинадӕй фылдӕр цӕуылдӕр — хъӕздгуыты дӕр ӕмӕ мӕгуырты дӕр, ахуырты дӕр ӕмӕ ӕнӕахуырты дӕр чи сӕрибар кӕны, уыцы сӕрибардзинадыл. Йесо амыдта, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй чи ссӕрибар кӕндзӕн, уыцы ӕцӕгад. Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй «тӕригъӕд чи кӕны, уый у тӕригъӕды цагъар» (Иоан. 8:34). Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы рӕстӕгмӕ, ӕппӕт коммӕгӕс адӕм дӕр куы «ссӕрибар уыдзысты ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» (Ром. 8:21).
2 Йесойы ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндты цы ахадындзинад ис, уый тыххӕй ӕцӕгад зонын хӕссы ахӕм сӕрибардзинад. Уый ма нысан кӕны, мах сӕраппонд цы ӕлхӕнӕг нывонд ӕрхаста, уый зонын дӕр (Ром. 3:24). Ӕгӕрыстӕмӕй ма ныр дӕр, Библийы ӕцӕгад нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы сӕрибардӕр кӕнӕм тас, ныфссастдзинад ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕр миниуджытӕй.
3 Сӕрибардзинад тас ӕмӕ ныфссастдзинадӕй. Дунейы уавӕртӕй махӕн нӕ ныфс нӕ сӕтты, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, фыддзинад цӕмӕн ис, уый, ӕмӕ зонӕм, тагъд рӕстӕджы зӕххыл йӕ фӕд дӕр кӕй нал уыдзӕн (Пс. 36:10, 11; 2 Тим. 3:1; Рарг. 12:12). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ӕцӕгад сӕрибар кӕны, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй цы мӕнг ахуырӕдтӕ ис, уыдонӕй. Мах зонӕм, мӕрдтӕн сӕ бон кӕй нӕу махӕн разиан кӕнын, уыдон ӕнустӕм кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц, стӕй ма адӕм уый тыххӕй кӕй нӕ амӕлынц, цӕмӕй сӕ Хуыцау йӕхимӕ уӕларвмӕ акӕна (Еккл. 9:5; Ап. к. 24:15).
4 Мӕрдты тыххӕй ӕцӕгад бафидар кодта, сӕ сывӕллон ӕнамонд цауы кӕмӕн фӕмард, ахӕм ныййарджыты. «Нӕ царды нын цыдӕр нӕ фаг кӕны ӕмӕ йӕ ницӕмӕй ис баххӕстгӕнӕн, цалынмӕ нӕ фырты удӕгасӕй фенӕм, уӕдмӕ,— дзуры мад.— Фӕлӕ зонӕм, иу бон нӕ зӕрдӕты рыст кӕй ӕрлӕудзӕн».
5 Сӕрибардзинад ӕвзӕр миниуджытӕй. Библийы ӕцӕгад фӕивы адӕймаджы зондахаст ӕмӕ удыхъӕд, ӕмӕ уый фӕрцы фервӕзы бирӕ зындзинӕдтӕй (Еф. 4:20—24). Адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ куыстуарзаг куы уа, уӕд фырмӕгуыр никуы уыдзӕн (Ӕмб. 13:4). Удуӕлдайӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕ ахастытӕ семӕ хуыздӕр кӕндзысты (Кол. 3:13, 14). Хуыцау бинонтӕн цы фӕтк сфидар кодта, уымӕн чырыстон бинонтӕ куы аргъ кӕной, уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзысты (Еф. 5:33—6:1). Адӕймаг йӕ сӕрмӕ куы нӕ хӕсса фыднозт, ӕнӕгъдау цард, тамако дымын ӕмӕ наркотиктӕ кӕнын, уӕд йӕ ӕнӕниздзинад дӕр уыдзӕн хуыздӕр (Ӕмб. 7:21—23; 23:29, 30; 2 Кор. 7:1).
6 Иу лӕппулӕг фараст азы кодта наркотиктӕ ӕмӕ сӕ йӕ бон ныууадзын нӕ уыд. Иу бон уый фембӕлд, уынджы чи хъусын кодта, иу ахӕм Ӕвдисӕныл. Райста литературӕ ӕмӕ баныхас кодтой, хӕдзармӕ йӕм кӕй бацӕудзысты, ууыл. Нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ бынтондӕр ныууагъта йӕ наркотиктӕ, аст мӕйы фӕстӕ та донаргъуыд райста. Йе ’взӕр хъуыддаг кӕй ныууагъта, уый йе ’фсымӕр ӕмӕ йӕ чындзыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ уыдон дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.
7 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй ссӕрибар уой. Цӕрӕнбонты мӕнг ахуырӕдты ахӕсты чи уыд, уыдонӕн, чи зоны, зын бамбарӕн у, Хуыцауы Ныхас цы сӕрибардзинад хӕссы, уый. Ахӕм адӕймӕгты зӕрдӕтӕ ссарынӕн ахуыргӕнӕджы гӕнӕн ис хъӕуа зӕрдиагӕй архайын ӕмӕ хуыздӕр цӕттӕ кӕнын (2 Тим. 4:2, 5). Ныр ахӕм рӕстӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм «уацайрӕгтӕн, кӕй ссӕрибар уыдзысты», уый тыххӕй (Ис. 61:1). Чырыстон сӕрибардзинад тынг зынаргъ у. Уый ссарын нысан кӕны ӕнусон цард (1 Тим. 4:16).