Аргъ кӕнӕм Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн
1 Апостол Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ тынг цыдис чырыстӕтты ныхмӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй кӕй ныхмӕ цыд, уый кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй йын Хуыцау ныххатыр кодта. Кӕд Павел уый аккаг нӕ уыд, уӕддӕр ын Иегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ хъусын кӕныны куыст бахӕс кодта. Ӕмӕ Павел уыцы куыстӕн тынг аргъ кодта (Ап. к. 26:9—18; 1 Тим. 1:12—14). Павел Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кодта, уый йӕ сразӕнгард кодта йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыцы хъуыддагӕн снывонд кӕнынмӕ (2 Кор. 2:15).
2 Хуыцау йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ мах дӕр саккаг кодта ахӕм куыст ӕххӕст кӕнынмӕ (2 Кор. 4:1). Мах дӕр Павелау Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, иннӕтӕн ӕппӕт тыхтӕй ӕцӕгад базонынӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд. Уымӕн иу мадзал — искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнын.
3 Библи ахуыр кӕнын райдайын. Библи ахуыр кӕнын райдайӕн ис адӕммӕ журналтӕ хӕсгӕйӕ. Ӕппынӕдзух адӕммӕ журналтӕ куы хӕссӕм, уӕд хуыздӕр базондзыстӕм, цӕуыл тыхсынц, уый. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, чи зоны, журналӕй искӕцы статьяйы фӕрцы райдайой Библи ахуыр кӕнын брошюрӕ «Цы домы»-йӕ. Иннӕ хатт дӕр та сӕм журналтӕ куы бахӕссӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ ныхас адарддӕр кӕнын брошюрӕ «Цы домы»-йӕ.
4 Хъӕуы кувын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын. Цӕмӕй нӕ уацамынд ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъӕуы кувын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын. Иу хойӕн, лӕггад кӕны пионерӕй, уыд иу библион ахуыр, ӕмӕ куывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй фылдӕр адӕмимӕ ахуыр кодтаид Библи. Ӕмӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодта. Лӕмбынӕг ахъуыды кодта, куыд лӕггад кӕны, ууыл, ӕмӕ бафиппайдта, дыккаг, ӕртыккаг хатт адӕммӕ куы бацӕуы, уӕд сын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй кӕй нӕ фӕзӕгъы. Стӕй райдыдта уый тыххӕй дзурын ӕмӕ тагъд ссардта, Библи ахуыр кӕныныл чи сразы, дыууӕ ахӕм адӕймаджы.
5 Цӕй стыр кад нын у, нӕ бон кӕй у «хъусын кӕнын Хуыцауы хорз лӕвары Евангели [«хорзӕхы фарны уац», НФ]»! (Ап. к. 20:24). Уӕдӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй иннӕтӕн Иегъовӕйы стыр хорзӕх райсынӕн ӕххуыс кӕнӕм.