Уӕхи сфӕлындут сӕрныллӕгдзинады
1 Ӕвзонг лӕппу-фыййау йӕ ныфс Иегъовӕйыл ӕвӕрдта ӕмӕ богал ӕфсӕддоныл фӕуӕлахиз (1 Пад. 17:45—47). Хъӕздыг лӕг быхста фыдӕвзарӕнтӕн (Иов 1:20—22; 2:9, 10). Хуыцауы Фырт дзырдта, йӕ ахуырӕдты тыххӕй ӕппӕт кад дӕр йӕ Фыдмӕ кӕй ӕмбӕлы (Иоан. 7:15—18; 8:28). Ацы цӕвиттонтӕй алкӕцыйы дӕр сӕйраг ахадындзинад уыд сӕрныллӕгдзинадӕн. Афтӕ абон дӕр, нӕ царды цы алыхуызон уавӕрты бахауӕм, уым нӕ хъӕуы сӕрныллӕгдзинад (Кол. 3:12).
2 Уацамынды. Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ мах, иннӕтӕ цы адӕмыхаттӕй сты кӕнӕ сӕм цы ахуырад ис, уымӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ алкӕмӕндӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар (1 Кор. 9:22, 23). Кӕд нӕ иуӕй-иутӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакӕнынц кӕнӕ Хуыцауы Паддзахады хабармӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй ракӕсынц, уӕддӕр сӕм мах, уыдон нӕм цы цӕстӕй ракӕсынц, ахӕмӕй нӕ фӕкӕсӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр фӕразонӕй, аккаг чи у, ахӕмты фӕагурӕм (Матф. 10:11, 14). Адӕмы нӕ зонындзинӕдтӕ кӕнӕ не стыр ахуырадӕй дисы бафтауыны бӕсты сын се ’ргом здахӕм Хуыцауы Ныхасмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, нӕ ныхӕстӕй уымӕн стырдӕр уӕз кӕй ис (1 Кор. 2:1—5; Дзут. 4:12). Йесойау мах дӕр ӕппӕт кад дӕттӕм Иегъовӕйӕн (Маркы 10:17, 18).
3 Ӕмбырды. Чырыстӕттӕ ма хъуамӕ «кӕрӕдзийӕн коммӕгӕсгӕйӕ [дӕр], сабыр зонды [сӕхи] сфӕлындой» (1 Пет. 5:5). Кӕд не ’фсымӕрты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм, уӕд нын балӕггад кӕной, уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ сын нӕхӕдӕг куыд балӕггад кӕнӕм, ууыл архайдзыстӕм (Иоан. 13:12—17; Фил. 2:3, 4). Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ нын, дзырдӕн, Паддзахады зал ӕфснайын сӕрмӕ хӕсгӕ нӕу.
4 Сӕрныллӕгдзинад нын ӕххуыс кӕны «кӕрӕдзийӕн уарзондзинадӕй барынӕн» ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн (Еф. 4:1—3). Афтӕ ма нын ӕххуыс кӕны, разамынд дӕттынӕн нысангонд чи у, уыцы ӕфсымӕрты коммӕ куыд кӕсӕм, уымӕн дӕр (Дзут. 13:17). Стӕй нын исчи исты уынаффӕ куы ратта кӕнӕ нын куы бауайдзӕф кӕна, уӕд ӕм байхъусынӕн дӕр (Пс. 140:5). Уӕдӕ нын ӕмбырды цыфӕнды хӕслӕвӕрд дӕр ма бакӕной нӕ бӕрны — сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ ныфс ӕвӕрдзыстӕм Иегъовӕйыл (1 Пет. 4:11). Давидау мах дӕр ӕмбарӕм, нӕ ӕнтыстытӕ нӕхи курдиӕттӕй кӕнгӕ кӕй не сты, фӕлӕ нын Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕй (1 Пад. 17:37).
5 Нӕ Хуыцауы раз. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та хъуамӕ «нӕхи ӕрсабыр кӕнӕм Хуыцауы фидар къухы бын» (1 Пет. 5:6, НФ). Кӕд цавӕрдӕр зын уавӕрты стӕм, уӕд, ай-гъай дӕр, уӕлдай тынг бӕллӕм, Хуыцауы Паддзахад цы удӕнцой ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ мах, Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ йӕхи нысангонд рӕстӕджы куы сӕххӕст кӕна, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уыдзыстӕм сӕрныллӕг ӕмӕ быхсдзыстӕм (Иак. 5:7—11). Ӕнаипп лӕг Иовау махӕн дӕр иууыл ахсджиагдӕр у, цӕмӕй «Иегъовӕйы ном арфӕгонд уа» (Иов 1:21).
6 Пехуымпар Данел «йӕхи ӕрныллӕг кодта йӕ Хуыцауы раз» ӕмӕ ссардта Иегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ арфӕгонд ӕрцыд бирӕ диссаджы хӕслӕвӕрдтӕй (Дан. 10:11, 12, НД). Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕхи сфӕлындӕм сӕрныллӕгдзинады, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, «сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (Ӕмб. 22:4).