Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/03 1 ф.
  • «Цӕттӕ ут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Цӕттӕ ут»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • «Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Дӕ хъус лӕмбынӕг дар, дӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕныс, уымӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл хъуыды кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 11/03 1 ф.

«Цӕттӕ ут»

1 Ацы дунейы цардӕвӕрды кӕрон цы стыр хабӕрттӕ цӕудзӕн, Йесо уый кой куы кодта, уӕд йӕ разы чи уыд, уыдоны фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ царды мӕт ма аныхъуырдтаид (Матф. 24:36—39; Лук. 21:34, 35). Стыр бӕллӕх абон-райсом кӕй райдайдзӕн, уымӕ гӕсгӕ нӕ байхъусын хъӕуы Йесойы фӕдзӕхстмӕ: «Цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 24:44). Цы нӕ хъӕуы уый тыххӕй?

2 Царды мӕт ӕмӕ дыл сайӕнтӕ ма фӕуӕлахиз уӕнт. «Царды мӕт» уырнындзинадӕн зиан кӕй хӕссы, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм (Лук. 21:34). Иуӕй-иу бӕстӕтӕ фырмӕгуыр кӕй сты, адӕмӕн дзы куыст кӕй нӕй ӕмӕ дзы алцы туджы аргъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы къӕбӕр амал кӕнын у тынг зын. Иннӕ бӕстӕты та адӕм ӕлхӕнынц, сӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый. Ӕмӕ нӕ мӕт, нӕ сагъӕс ӕрмӕстдӕр исбон ӕмӕ мулкыл куы суой, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ айрох уа Хуыцауы Паддзахад (Матф. 6:19—24, 31—33). Ӕмӕ ныл цӕмӕй ахӕм хабар ма ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын. Дӕхицӕн фидарӕй загътай, зӕгъгӕ, алы фембӕлдмӕ дӕр цӕудзынӕн? (Дзут. 10:24, 25).

3 Адӕймаг йӕ рӕстӕг цӕуыл бахардз кӕна, ахӕм сайӕнтӕ ныртӕккӕ бирӕ ис. Зӕгъӕм, компьютер суыдзӕн къӕппӕг-рӕстӕгхор, бон-изӕрмӕ Интернеты раз куы бадӕм, фыстӕджытӕ дзы куы рарвит-барвит кӕнӕм ӕмӕ компьютерон хъӕзтытӕй куы хъазӕм, уӕд. Телевизор, кинотӕ, ацы дунейы чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ кӕсыныл, афтӕ ма хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ спортыл дӕр уыйбӕрц рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ адӕймагӕн Хуыцауы хъуыддагӕн нал вӕййы нӕдӕр рӕстӕг, нӕдӕр хъарутӕ. Хи ирхӕфсгӕйӕ ӕмӕ фӕллад уадзгӕйӕ адӕймаджы уӕнг фӕрогдӕр вӕййы цасдӕр рӕстӕгмӕ, фӕлӕ Библи нӕхӕдӕг кӕнӕ бинонтимӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый ахъаз уыдзӕн ӕнустӕм (1 Тим. 4:7, 8). Хуыцауы Ныхасыл алы бон дӕр арф хъуыды кӕнынӕн «рӕстӕг ӕлхӕныс»? (Еф. 5:15—17, НД).

4 Цӕй бузныг стӕм Иегъовӕйы организацийӕ, алы хатт дӕр нын кӕй дӕтты амындтӕ, «цӕмӕй ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй аирвӕзӕм ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз балӕууыны аккаг уӕм»! (Лук. 21:36). Цӕй уӕдӕ нын цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй пайда кӕнӕм ӕмӕ «цӕттӕ уӕм», цӕмӕй нӕ уырнындзинад разына «раппӕлынмӕ ӕмӕ намысмӕ ӕмӕ кадмӕ Йесо Чырыстийы фӕзынды» бон (1 Пет. 1:7).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын