Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/03 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 12/03 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Декабры: чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Раттӕн ма ис «Мӕ библион радзырдты чиныг». Январы: ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Февралы: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын.

◼ Ӕмбырды ӕхцайӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрты зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕмӕ Паддзахады залты арӕзтады фонды цы мысайнӕгтӕ ис, уыдон алы мӕй дӕр кӕй хъӕуы ӕрвитын. Уыцы ӕхцайӕ нӕй ӕмбырды ссудӕ фидӕн кӕнӕ ӕндӕр хӕрдзтӕ ӕмбӕрзӕн.

◼ Тагъд алы ӕмбырдмӕ дӕр йӕхи ӕвзагыл ӕрвыст ӕрцӕудзысты 2004 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕттытӕ. Кӕд уӕ территорийы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр дзурынц, ӕмӕ уӕ фӕнды уыцы ӕвзӕгтыл дӕр хуынды гӕххӕттытӕ райсын, уӕд сӕ ӕвӕстиатӕй ныззаказ кӕнут бланкыл (S-14). Хуынды гӕххӕттытӕ цы ӕвзӕгтыл уыдзысты, уыцы ӕвзӕгты хыгъд уыдзӕн фыстӕджы, «Хъусинаг ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр», ӕмӕ ӕрвыст ӕрцӕудзӕн алы ӕмбырдмӕ дӕр. Курӕм уӕ, хуынды гӕххӕттытӕ ныззаказ кӕнут, уӕ территорийы цы ӕвзӕгтыл дзурынц, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕвзӕгтыл.

◼ 2005 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 24 мартъийы цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ. Рагацау ӕй уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ кӕд иу Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды вӕййы, уӕд цӕмӕй ӕфсымӕртӕ уыцы бонмӕ афойнадыл ӕндӕр залтӕ баххуырсой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ агъуысты хицауимӕ баныхас кӕной, цӕмӕй дзы уыцы рӕстӕг хъӕр-хъӕлӕба ма уа ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ацӕуа. Ацы цау куыд ахсджиаг у, уый зӕрдыл даргӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты совет, раныхасимӕ чи рацӕудзӕн, уыцы ӕфсымӕры радмӕ гӕсгӕ кӕнӕ алы аз дӕр уыцы иу ӕфсымӕры нысан кӕныны бӕсты, хъуамӕ равзара фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаджы. Кӕд уе ’мбырды ис хистӕр нӕлгоймаг сӕрст чырыстӕттӕй ӕмӕ йӕ бон у ныхасы рацӕуын, уӕд ӕй уымӕн хъӕуы бахӕс кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын