Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2004 азы 28 июнӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2004 азы 3 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 28 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Сценӕйӕ дзургӕйӕ нӕ ныхас ӕгӕр зондамонӕн кӕнӕ уазал цӕй тыххӕй рауайы? (be 179 ф., 4 абз.).
2. Нӕ хъӕлӕс фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаг ӕрмӕст раст улӕфын ӕмӕ нуӕрттӕ нӕ хъӕбӕр кӕнынӕй аразгӕ цӕуылнӕ у? (be 181 ф., 2 абз.).
3. Библийы ӕцӕгад иннӕтӕн куы дзурӕм, уӕд цы аразӕн ис, цӕмӕй «се ’ппӕтӕн суӕм ӕппӕтдӕр»? (1 Кор. 9:20—23) (be 186 ф., 2—4 абз.).
4. Уацамынды адӕммӕ зӕрдӕбынӕй кӕй хъусӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (be 186 ф., 5 абз. — 187 ф., 4 абз.).
5. Уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй алкӕмӕндӕр кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (be 190 ф.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Цӕмӕ хъуамӕ тырна адӕймаг, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый иннӕтӕн амонгӕйӕ ӕмӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн? (Матф. 5:16; Иоан. 7:16—18) (be 56 ф., 3 абз.—57 ф., 2 абз.).
7. Искӕй ахуыргӕнгӕйӕ цыдӕр цӕимӕдӕр ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрын хорз цӕмӕн у ӕмӕ уыцы ахуыргӕнӕн мадзалӕй Йесо куыд пайда кодта? (be 57 ф., 3 абз.; 58 ф., 2 абз.).
8. Фарисейтӕй хъауджыдӕр Йесо йӕ ахуырадӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ардта? (be 59 ф., 2, 3 абз.).
9. Кӕй ахуыр кӕнӕм, уымӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕхи зондӕй архайа, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ, мах нӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг лыг кӕна йӕ хъуыддӕгтӕ? (be 60 ф., 1—3 абз.).
10. Адӕймаг йӕхӕдӕг цы фарстытӕ хъуамӕ лыг кӕна, уыдоны тыххӕй нӕ, цы бакӕнон, зӕгъгӕ, куы фӕрса, уӕд ын цы хъуамӕ зӕгъӕм? (be 69 ф., 4 абз.—70 ф., 1 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Моисей цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цы дзаумӕттӕ уыд, уыдон растдӕр хахнывтӕм гӕсгӕ цӕмӕн скодта? (Рац. 25:9) (it-2 1058 ф., 7 абз., англ.).
12. Цӕуыл дзурӕг уыд, басудзинаг нывонд тӕригъӕды тыххӕй нывонды кӕнӕ азымы нывонды фӕстӕ хаст кӕй цыд, уый? (Лев. 8:14, 18; 9:2, 3) (w00 1.9. 10 ф., 16 абз.; 13 ф., 8 абз.).
13. Рацыды 34:23, 24 Иегъовӕ израилӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ сӕ уырнындзинад куыд ӕвдыстой, уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
14. Цӕй тыххӕй цыд хаст ӕмбалады нывонд? (Лев. 3:1).
15. Рацыды 30:9 цы ис базонӕн, Хуыцауӕн абон куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй? (w00 1.12. 12 ф.).