Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 27 июнӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 2 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 27 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Абарстытӕ ӕмӕ метафорӕтӕ ахадгӕ ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕ цӕмӕн сты? (Уӕв. 22:17; Пс. 1:3; Иак. 3:6) (be 240 ф., 2, 3 абз.–241 ф., 1 абз. ӕмӕ фӕлгӕт).
2. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ хорз цӕвиттонтӕ кӕцӕй райсӕн ис, фӕлӕ нӕ нӕ хъус дарын цӕмӕ хъӕуы? (be 242 ф., 2, 3 абз.).
3. Цӕмӕй цӕстуынгӕ цӕвиттон адӕмы зӕрдӕтӕ тынгдӕр бацагайа, уый тыххӕй цы хъӕуы? (be 244 ф., 1, 2 абз.).
4. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕнын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ дзы Иегъовӕ куыд пайда кодта? (be 247 ф., 1, 2, абз. ӕмӕ фӕлгӕт).
5. Хъусын кӕнгӕйӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй куыд у нӕ бон пайда кӕнын? (be 248 ф., 2 абз.–249 ф., 2 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Сывӕллӕтты ахуыр кӕныны тыххӕй Хуыцауы Ныхас цы зӕгъы? (w03 15.3. 12 ф., 2 абз.; 14 ф., 4 абз., уыр.).
7. Цӕмӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ Давиды йе ’рыгонӕй дӕр кӕй уарзта, ӕмӕ Давид та куыд равдыста, Иегъовӕйы кӕй уарзта, уый? (w03 15.4. 29 ф., 3 абз.; 30 ф., 3 абз., уыр.).
8. Иегъовӕйы зӕрдӕ Авелы нывондӕй цӕмӕн барухс ӕмӕ нын уый цавӕр ныфс дӕтты? (Уӕв. 4:4) (w03 1.5. 28 ф., 4 абз.–29 ф., 1 абз., уыр).
9. Цы у «Иегъовӕйы зондамынд», Ӕмбисӕндты 3:11 афтӕ кӕмӕй загъдӕуы, зӕгъгӕ йыл уӕхи ма тигъ кӕнут? (w03 1.10. 20 ф., 2–4 абз., уыр.).
10. 1 Тимофеймӕ 6:6–8 цы фыст ис, «райгонд ут [«цы уӕм ис, уый фагыл нымайут», НТ]», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы? (w03 1.6. 9 ф., 1, 2 абз.; 10 ф., 1 абз., уыр.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Ионафан ӕмӕ Давиды цы уарзондзинад баста, ахӕм уарзондзинад абон кӕй ӕхсӕн ис? (2 Пад. 1:26) (w89 1.6. 21 ф., 13 абз., уыр.).
12. Давид бадзырды чырын Иерусалиммӕ фыццаг хатт куыд хаста, уыцы хабар нын зондзонӕн цӕмӕй у? (2 Пад. 6:2–9).
13. Давид Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, уӕд сын цы фырт райгуырд, уый цӕмӕн амард, кӕд ӕмӕ Дыккаг закъоны 24:16 ӕмӕ Иезекилы 18:20 фыст ис, зӕгъгӕ, фырт фыды тӕригъӕды тыххӕй нӕ амӕлдзӕн? (2 Пад. 12:14; 22:31).
14. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Сивӕ Мемфивосфейӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕдзырдта? (2 Пад. 16:1–4).
15. Мемфивосфей, Сивӕйы тыххӕй цы уавӕры бахауд, уым йӕхи куыд равдыста ӕмӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у? (2 Пад. 19:24–30).