Хъусинӕгтӕ
Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июлы ӕмӕ августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябры: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Дӕттӕн ма ис «Цард – куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» (уыр.). Октябры: Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ма йын раттӕн ис брошюрӕ «Цы домы».
◼ Сентябры мӕйӕ районон цӕстдарӕгӕн уыдзӕн ӕргом раныхас «Цӕмӕн цӕрӕм Библийы разамындмӕ гӕсгӕ?».
◼ Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй бланктӕ филиалмӕ хъӕуы 30 бон раздӕр арвитын. Ӕмбырды секретарь сӕм хъуамӕ ӕркӕса, иууылдӕр кӕронмӕ сты дзаг ӕви нӕ. Бланк чи балӕвӕрдта, уыдонӕй исчи йӕ аргъуыд райсыны бон куы нал хъуыды кӕна, уӕд ӕй искуыд сбӕлвырд кӕнӕд ӕмӕ йӕ йӕхимӕ фӕнысан кӕнӕд. Секретарь хъусынгӕнӕджы аргъуыды бон хъуамӕ бахӕсса «Карточка собрания для отчетов возвещателя»-мӕ (S-21).
◼ Секретартӕ хъуамӕ ӕркӕсой, се ’мбырдты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй алкӕмӕдӕр кӕй ис, пионерӕй йӕ кӕй снысан кодтой, уый бӕлвырдгӕнӕн фыстӕг (S-202). Кӕд сӕм нӕй, уӕд, уӕ хорзӕхӕй, ныффыссут филиалмӕ.
◼ Уӕ зӕрдыл уын ногӕй лӕууын кӕнӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяты зарджытӕ ист кӕй сты, 100 зарӕджы кӕм ис, уыцы къаннӕг чиныгӕй ирон ӕвзагыл (sb100-OSS), ӕмӕ сӕ номыртӕ дӕр амынд сты ацы чиныгмӕ гӕсгӕ. 2005 азы Скъолайы программӕйы та зарджыты номыртӕ ист сты уырыссаг ӕвзагыл уагъд зарджыты чиныгӕй. 2006 азы Скъолайы программӕйы зарджыты номыртӕ амынд уыдзысты ирон ӕвзагыл уагъд зарджыты чиныгмӕ гӕсгӕ (Кӕс km-OSS 12/04 7 ф.).
◼ 2005 азы 10 апрелы Мӕскуыйы облӕсты горӕт Жуковскийы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады зал. Программӕмӕ байхъуыста 166 адӕймаджы.
◼ 2005 азы 23 апрелы Белгороды облӕсты горӕт Старый Осколы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады зал. Программӕмӕ байхъуыста 735 адӕймаджы.