Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/05 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 8/05 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябры: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Дӕттӕн ма ис «Цард – куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» (уыр.). Октябры: Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ма йын раттӕн ис брошюрӕ «Цы домы». Ноябры: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын ратт чиныг «Базонынад» кӕнӕ та трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?».

◼ Октябры фондз сабаты ӕмӕ хуыцаубоны кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уый хорз рӕстӕг у, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн.

◼ Ацы мӕйы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы 5 ӕмӕ 6 фӕрстӕ бафснайут; ис дзы районон ӕмӕ иубонон конгрессты программӕ 2006 лӕггады азӕн.

◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдтӕм 1 сентябры кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Кӕд ма ӕмбырдӕн банчы дӕр ӕхца ӕвӕрд ис, зӕгъӕм, Залмӕ зилынӕн кӕнӕ йӕ цалцӕг кӕнынӕн, йе та арӕзтадӕн, уӕд уый хыгъдмӕ дӕр ӕркӕсын хъӕуы. Куы сӕм ӕркӕсат, уӕд уый тыххӕй фехъусын кӕнут, ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уый фӕстӕ.

◼ Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, хъусынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг цы фыстӕджытӕ ӕрвитынц, уыдоныл филиалы адрис фыссӕн кӕй нӕй. Уый хауы, Библийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды кӕнӕ хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, стӕй, нӕ бон бацӕуӕн кӕдӕм нӕу, ахӕм ран цӕрӕг адӕммӕ цы фыстӕджытӕ ӕмӕ литературӕ ӕрвитӕм, уымӕ дӕр. Хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон у къонвертыл йӕхи адрис фыссын, уымӕн ӕмӕ уый у йӕхи сӕрмагонд лӕггад Хуыцауӕн (Матф. 28:19, 20; Ром. 10:14, 15). Фӕлӕ йӕм кӕд йӕхи адрис фыссын хорз нӕ кӕсы, уӕд йӕ бон у къонвертыл йӕ ном ӕмӕ Паддзахады Залы адрис фыссын (Кӕс 2002 азы майы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», «Фарстыты асыкк»).

◼ Ӕмбырды цы литературӕ ис, уымӕн алы аз дӕр фӕхъӕуы номхыгъд саразын. 2005 азы йӕ хъӕуы саразын 31 августы кӕнӕ цалдӕр бон раздӕр (фӕстӕдӕр). Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр алы мӕй дӕр литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр хъӕуы афтӕ саразын, ӕмӕ иумӕйаг нымӕц ныффыссын бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис, алы ӕмбырды дӕр журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй. Литературӕ банымайын хъӕуы дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретары разамындӕй. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой уыцы ӕмбырды секретарь ӕмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр райсдзӕн ӕртӕ бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Уӕ хорзӕхӕй, иу бланк дзы 6 сентябры онг арвитут филиалмӕ. Иннӕ сӕвӕрут уӕ картотекӕйы. Ӕртыккагӕй та уӕ бон у спайда кӕнын, литературӕ куы нымайат, уӕд.

◼ 2005 азы 3 январы ӕмӕ 2 майы Тюмень ӕмӕ Екатеринбурджы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады залтӕ. Программӕмӕ байхъуыста 225 ӕмӕ 186 адӕймаджы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын