Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 31 октябрӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 5 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 31 октябрӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Адӕмӕн Хуыцауы Ныхасӕй цы амонӕм, уымӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссарӕм? (Матф. 13:19) (be 258 ф., 1, 2 абз. ӕмӕ фӕлгӕт).
2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн, фӕлӕ нӕ нӕ хъус дарын цӕмӕ хъӕуы? (be 259 ф., 1, 2 абз.).
3. Кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн Иегъовӕйы ӕвӕджиауы миниуджыты тыххӕй дзурын цӕмӕн хъӕуы? (be 260 ф., 1 абз.).
4. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны сӕ царды цы фӕивын хъӕуы, уый бамбарынӕн сын куыд баххуыс кӕнӕн ис? (be 260 ф., 4, 5 абз.).
5. Кӕй ахуыр кӕнӕм, кӕнӕ кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнӕм сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын? (be 262 ф., 1, 2 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Цы нысан кӕны Иегъовӕйы «зӕрдиагӕй... агурын» ӕмӕ афтӕ кӕй кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (Дзут. 11:6, НД) (w03-U 15.8. 25 ф., 2 абз.; 26 ф., 2, 3 абз.; 27 ф., 2 абз.).
7. Цы сты «раст ныхӕстӕ» ӕмӕ сыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон хӕцын куыд у? (2 Тим. 1:13, 14) (w03-U 1.1. 29 ф., 3 абз.–30 ф., 1 абз.).
8. Цы у «Библийы канон» ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис сбӕрӕг кӕнӕн, чиныг Библийы канонмӕ хауы ӕви нӕ? (bsi, 3, 4 ф., 5, 6 абз.).
9. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ канонмӕ кӕй хауынц, уый сбӕлвырд кӕнынӕн ахсджиаг цӕмӕн у Мураторийы скъуыддзаг, н. э. II ӕнусы дыккаг ӕмбисы фыст чи ’рцыд, уый? (bsi 8 ф., 19 абз.).
10. Библи йӕхӕдӕг уый бар дӕтты, цӕмӕй йӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕной ӕмӕ йӕ рагон тӕлмацтӕ цы ахъаз фесты? (bsi 14 ф., 9 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. 4 Паддзахӕдты 13:21 ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕрдты стджытӕн табу кӕнын хъӕуы?
12. Езеки Египетимӕ фидыды бадзырд скодта? (4 Пад. 18:19–21, 25).
13. Иегъовӕ Сеннахиримы ӕфсӕдтӕ кӕй ныццагъта, уый тыххӕй Ассирийы азфыстыты кӕд бӕлвырдӕй ницы дзырдӕуы, уӕддӕр дзы цымыдисагӕй цы ис фыст? (4 Пад. 19:35, 36).
14. Салафиилы фыд чи уыдис? (1 Паралипоменон 3:16–18).
15. Паддзах Саулы рӕстӕджыты Рувим ӕмӕ Гады мыггӕгтӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕрдӕг куыд архайдтой, уымӕй абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн фӕзминаг цӕмӕй сты? (1 Пар. 5:18–22).