Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 26 декабрӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 7 ноябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 26 декабрӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй «уарзгӕйӕ» фӕдзӕхсӕм? (Филим. 9, НФ) (be 266 ф.).
2. Нӕ бон куыд у «раст ахуырады руаджы» фӕдзӕхсын? (Тит. 1:9) (be 267 ф., 1, 2, абз.).
3. Нӕ раныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕты ныфс цӕмӕн хъуамӕ уадзой? (be 268 ф., 1–3 абз. ӕмӕ фӕлгӕт).
4. Мах дӕр Моисейау не ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдыл куы лӕууын кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, уыдӕттӕ, уӕд сӕ ныфс куыд бауадздзыстӕм? (Дык. з. 3:28; 31:1–8) (be 268 ф., 5 абз.–269 ф., 2 абз.).
5. Иегъовӕ ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уыдӕттӕ нӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос куы уой, уӕд нӕ ныхасмӕхъусджыты ныфсыл ныфс куыд ӕфтаудзыстӕм? (be 270, 271 фф.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Цы у Септуагинтӕ ӕмӕ чырыстӕтты йӕ зонын цӕмӕн хъӕуы? (bsi05 15 ф., 12–14 абз.).
7. Чи сты масореттӕ ӕмӕ сӕ куыст Библийы тӕлмацӕн куыд фӕахъаз? (bsi05 18 ф., 18 абз.–19 ф., 21 абз.).
8. Англисаг ӕвзагыл «Ног дунейы тӕлмац» куы арӕзтой, уӕд Дзуттаг Фыстытӕн сӕйраджыдӕр цавӕр текстӕй пайда кодтой ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ацы тӕлмац у ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ биноныг? (bsi05 22 ф., 28, 30 абз.).
9. Цӕмӕй бӕрӕг у, фыццаг чырыстӕтты зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд Хуыцауы Ныхас парахат кӕнын? (bsi05 23 ф., 1 абз.–24 ф., 5 абз.).
10. Сыгъдӕг Фыстады текст ӕмӕ йӕ къухфыстытӕ иртасгӕйӕ Библийы тыххӕй цы базонӕн ис? (bsi05 30 ф., 32 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Згъӕрӕй конд денджыз ӕрӕвӕрынӕн бындур галты хуызӕн цӕмӕн скодтой? (2 Пар. 4:2–4).
12. Кувӕндон нывондгӕнгӕйӕ Соломон йӕ куывды куыд равдыста, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ кӕй нӕ дары йӕ хъус, фӕлӕ дзы чи тӕрсы, уыдонӕй алкӕй уавӕр дӕр кӕй уыны? (2 Пар. 6:29, 30).
13. Нӕ курдиӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын Иудӕйы паддзах Озийы хабар зондзонӕн куыд у? (2 Пар. 26:15–21).
14. Гог Магогы зӕххӕй Хуыцауы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд мах, 2 Паралипоменоны 20:17 гӕсгӕ, куыд хъуамӕ архайӕм?
15. 2 Паралипоменоны 20:22, 23 стихтӕ ирдӕй куыд ӕвдисынц, Сайтаны дунейыл цы ӕрцӕудзӕн, уый?