Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февраль: «Баввахс у Иегъовӕмӕ» кӕнӕ та ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Мартъи: Ног чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры», зӕгъгӕ. Бацархай искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Апрель ӕмӕ май: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Чи бацымыдис кӕна, уыдонмӕ дыккаг хатт куы цӕуай, уыимӕ, Ӕрымысӕн изӕры ӕмӕ/кӕнӕ ӕндӕр фембӕлды чи уыд, фӕлӕ ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, уыдонмӕ дӕр, уӕд-иу сын ратт ног чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры». Дӕ нысан уӕд уыцы чиныджы руаджы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын.
◼ Апрелы фондз сабат ӕмӕ хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый тынг хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.
◼ 2006 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл уыдзӕн сӕрмагонд раныхас «„Хицауы Ӕрымысӕн изӕр“ бӕрӕг кӕнын». Ахӕм хъусинаг ма кӕс 2005 азы сентябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы».
◼ Ацы мӕйы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 6 фарсыл статья «Зӕрдиагӕй ахуыр кӕнӕм чиныг „Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?“»-йыл ныхас кӕндзыстӕм хъусын кӕныны фембӕлды августы. Дӕ хорзӕхӕй, бафснай уыцы статья ӕмӕ чиныг ахуыр кӕныны пълан.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдтӕм 1 мартъийы кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Кӕд ма ӕмбырдӕн банчы дӕр ӕхца ӕвӕрд ис, зӕгъӕм, Залмӕ зилынӕн кӕнӕ йӕ цалцӕг кӕнынӕн, йе та арӕзтадӕн, уӕд уый хыгъдмӕ дӕр ӕркӕсын хъӕуы. Куы сӕм ӕркӕсат, уӕд уый тыххӕй фехъусын кӕнут, ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уый фӕстӕ.
◼ Секретарь ӕмӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг хъуамӕ ӕркӕсой ӕппӕт ӕххӕстрӕстӕг пионерты куыстмӕ. Кӕд сӕ искӕмӕн сахӕтты нормӕ сӕххӕст кӕнын зын у, уӕд ын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ баххуыс кӕной. Уый тыххӕй уынаффӕтӕ ссарӕн ис ӕрвылазон фыстӕджыты (S-201).
◼ 2005 азы 8 ӕмӕ 27 октябры Иегъовӕйӕн Паддзахады залтӕ снывонд кодтой: горӕт Бирюсинскы (Иркутскы облӕст) ӕмӕ Анапӕйы (Краснодары край). Программӕмӕ байхъуыста 141 ӕмӕ 138 адӕймаджы.