Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2006 азы 24 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2006 азы 6 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 24 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, ног хъуыдымӕ рахизыны размӕ ӕрлӕууын цӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ уымӕн къуылымпы цы вӕййы? (be 98 ф., 2, 3 абз.).
2. Уацамынды-иу дзургӕ-дзурын цӕмӕн хъуамӕ фӕлӕууӕм? (be 99 ф., 5 абз.–100 ф., 4 абз.).
3. Ныхасы рацӕугӕйӕ хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд сахуыр уӕм ууыл? (be 101 ф., 1 абз.–102 ф., 1 абз. ӕмӕ фӕлгӕт 101 ф.).
4. Цӕмӕй хъӕрӕй кӕсгӕйӕ сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? (be 105 ф., 1–6 абз.).
5. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, цас хъӕрӕй дзурӕм, уымӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд ис базонӕн, цас хъӕрӕй хъуамӕ дзурӕм, уый? (be 107, 108 фф.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Абон чырыстӕтты уавӕры Есфир ӕмӕ Мардохейы уавӕримӕ ӕмхуызонӕй цы ис ӕмӕ сӕ куыд у нӕ бон фӕзмын? (bsi06 11 ф., 17 абз.).
7. Соломон афтӕ куы загъта, «ӕппӕт дӕр – дзӕгъӕлы, дымгӕ сурынау», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? (Еккл. 2:11) (w04 1.11. 4 ф., 3, 4 абз.).
8. Хуыцауы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм? (Маркы 12:30) (w04-U 1.3. 19–21 фф.).
9. Монон хӕзнатӕ ӕмӕ мулк уарзын цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (w04 1.11. 5–7 фф.).
10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй конгрессты лӕмбынӕг хъусӕм ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ ма дзӕгъӕлтӕ кӕной? (be 15, 16 фф.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Аманы цӕсгом цӕмӕн ӕрӕмбӕрзтой? (Есф. 7:8).
12. Цавӕр ӕнӕуынгӕ тых бандӕвта Елифазы зондыл? (Иов 4:15, 16) (w05-U 9.15. 26 ф., 2 абз.).
13. Иовы 7:9, 10 ӕмӕ Иовы 10:21 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цымӕ уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иовы райгасдзинад нӕ уырныдта?
14. Иов афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ӕз баззадтӕн, мӕ дӕндӕгты алыварс цы царм ис, уыимӕ», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Иов 19:20).
15. Иовы ныхӕстӕн, «цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн», зӕгъгӕ, сӕ хъуыды цы уыд ӕмӕ дзы цы ис зондӕн райсӕн? (Иов 27:5).