Фыстӕг Разамонӕг Советӕй
«ХОРЗӔХ ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ». Павел ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ фыста, уыдон-иу арӕх ацы ныхӕстӕй райдыдта. Махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ сымахӕн уый зӕгъы (Еф. 1:2, НТ).
Йесо Чырыстийы нывонды уылты нӕ Иегъовӕ цы стыр хорзӕхӕй хайджын кӕны, уый тыххӕй дзы куыд бузныг стӕм! Уыцы нывонды руаджы хайджын стӕм Хуыцауы хорзӕхӕй. Уый нӕхицӕн нӕ къухы никуы бафтыдаид, цыфӕнды ма арӕзтаиккам, Библи зӕрдиагӕй куы ахуыр кодтаиккам ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кодтаиккам кӕнӕ ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕ куы арӕзтаиккам, уӕддӕр. Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны ӕмӕ нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕтты, нӕ фыдӕбоны тыххӕй нӕ, фӕлӕ нын сӕ йе стыр хорзӕхы фӕрцы лӕвар кӕны Йесо Чырыстийы уылты (Ром. 11:6).
Апостол Павел йе ’фсымӕртӕм фыста: «Мах... курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: „Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон“. Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон». «Хӕрзаудӕны афон» уыд фыццаг ӕнусы Иерусалим ныппырх кӕныны размӕ. Иегъовӕйы чи уарзта, уыцы рӕстзӕрдӕ адӕмӕн сӕ уырнындзинад хъахъхъӕд ӕрцыд. Уый руаджы, н. э. 70 азы размӕ Иерусалимӕй чи ралыгъд (цалынмӕ йӕ нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ), уыцы иузӕрдион адӕм иууылдӕр аирвӕзтысты (2 Кор. 6:1, 2, НТ).
Абон мах дӕр цӕрӕм «хӕрзаудӕны афон» ӕмӕ «фервӕзыны бон». Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй нымайы ӕмӕ сӕ уырнындзинад кӕмӕн хъахъхъӕны, уыдоны ныфс ис «Иегъовӕйы стыр бон», ныр тынг ӕввахс чи у, уыцы бон, аирвӕзынӕй (Соф. 1:14).
Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уый ныл стыр бӕрн ӕвӕры. Мах адӕмы фӕдзӕхсӕм ӕмӕ рӕстзӕрдӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын Иегъовӕйы стыр хорзӕх фӕахъаз уа ӕмӕ сӕ бон уа аирвӕзын. Павел хорз ӕмбӕрста уыцы ахсджиаг хӕс. Уый фыста: «Додой мӕ сӕр, фарны уац адӕммӕ куы нӕ хӕссон, уӕд!» Уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй ма ныффысста: «Зондджынтӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕмбаргӕтӕй дӕр ӕз дӕн хӕсджын. Гъемӕ мӕ зӕрдиагӕй фӕнды хорз хабар сымахмӕ... фехъусын кӕнын» (1 Кор. 9:16, НТ; Ром. 1:14, 15, НД).
Цардирвӕзынгӕнӕн куыст – адӕмы фӕдзӕхсын – бӕстон куы не ’ххӕст кӕнӕм, уӕд Иегъовӕйы раз дзуапп ратдзыстӕм. Мах хорз зонӕм Иегъовӕ пехуымпар Иезекиилӕн цы загъта, уый: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ хъахъхъӕнӕгӕй сӕвӕрдтон Израилӕн, ӕмӕ ды хъусдзынӕ мӕ ныхӕстӕм ӕмӕ сӕ мӕ номӕй раст зондыл араздзынӕ. Ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн куы зӕгъон, амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ды та йӕ раст зондыл куы нӕ аразай ӕмӕ йын куы нӕ дзурай, цӕмӕй йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра, уӕд уыцы фыдгӕнӕг амӕлдзӕн, ӕмӕ йын йӕ туг дӕуӕй ӕрцагурдзынӕн» (Иез. 3:17, 18).
Ацы фӕстаг бонты уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын зын у. Ӕнцон нӕу раст цӕстӕй кӕсын бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ – куыстмӕ, ӕмбырды хъуыддӕгтӕм ӕмӕ уацамындмӕ. Уымӕй уӕлдай ма, бирӕтӕ тох кӕнынц низтимӕ, кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асӕтты, чидӕртӕ та базӕронд сты, йе та суанг сӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц. Уӕ фылдӕрыл ис «уӕззау уаргъ». Цы зӕрдӕ уӕм дарӕм, уый нӕ фӕнды Йесойы ныхӕстӕй зӕгъын: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ йе ’ккой уӕззау уаргъ кӕмӕн ис,– уе ’ппӕт дӕр мӕнмӕ ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн» (Матф. 11:28, НД). Фӕнды нӕ уе ’ппӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй раарфӕ кӕнын – кӕд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлут, уӕддӕр уӕ хъарутыл нӕ ауӕрдут, цӕмӕй Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнат.
Зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнут, ӕмӕ нын Иегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, уый руаджы ӕгас дунейы дӕр ӕрвылкъуыри донаргъуыд райсы 4762 адӕймаджы бӕрц. Фӕстаг лӕггады азы дӕргъы фӕзынд 1375 ног ӕмбырды. Мах кувӕм, цӕмӕй ног чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 120 ӕвзагӕй фылдӕрыл мыхуыры чи рацыд, уый милуантӕн баххуыс кӕна, Иегъовӕйы стыр хорзӕх ӕмӕ фарн ссарынӕн «фервӕзыны бон». Ныфс нӕ ис, Иегъовӕ нын нӕ куывд кӕй фехъусдзӕн.
Ныфс уӕ уӕд, Разамонӕг Совет уӕ кӕй уарзы ӕмӕ сымах тыххӕй кӕй кувы. Бузныг ма уӕ стӕм, сымах дӕр мах тыххӕй кӕй кувут.
Уе ’фсымӕртӕ,
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг Совет