Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2006 азы 28 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2006 азы 3 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 28 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Нӕ ныхасмӕхъусджытӕм куы кӕсӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ суӕм? (Матф. 19:25, 26; Ап. к. 14:9, 10) (be 124 ф., 3 абз.–125 ф., 3 абз.).
2. Аразгӕ ныхас цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уацамынды аразгӕ ныхас ма кӕнӕм? (be 128 ф., 1–5 абз., фӕлгӕт).
3. Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? (be 131 ф., 1–3 абз.).
4. «Хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст» кӕй стӕм, уый нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй куыд хъуамӕ уа бӕрӕг? (1 Тим. 2:9, НД) (be 131 ф., 4 абз.–132 ф., 1 абз.).
5. Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй нӕ уынд ууыл дзурӕг ма уа, ӕмӕ ацы дуне уарзӕм? (be 133 ф., 2, 3 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Кӕсын зонын сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъӕуы? (be 21 ф., 3 абз.).
7. Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы адӕймаг зондджын у ӕви ӕнӕзонд? (Ӕмб. 14:2) (w04-U 15.11. 26 ф., 5 абз.).
8. Ӕмбаргӕ адӕймагӕн ахуыр кӕнын ӕнцон цӕмӕн у? (Ӕмб. 14:6) (w04-U 15.11. 28 ф., 4, 5 абз.).
9. Цы у ахуыр кӕнын? (be 27 ф., 3 абз.).
10. Иегъовӕйы сфӕлдыстадыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ныл куыд ӕндавы? (w04-U 15.11. 8 ф., 4 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Рагзаманты Иегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ «хорз хабар хъусынгӕнӕг сылгоймӕгты» стыр ӕфсад куыд фӕзынд ӕмӕ уый нӕ рӕстӕгмӕ куыд хауы? (Пс. 68:11, НД [67:12]).
12. Асаф цӕмӕн фӕцӕйрӕдыд ӕмӕ йын йӕ зондахаст цы сраст кодта? (Пс. 72:2, 3, 17).
13. Израилӕгтӕ цы маннӕ хордтой, уый «уӕларвон дзул» ӕмӕ «зӕдты дзул» цӕмӕн хуынди? (Пс. 77:24, 25).
14. Цы у «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат» ӕмӕ дзы нӕ бон куыд у «цӕрын»? (Пс. 91:1, 2, НД [90:1, 2]).
15. Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы цӕсты зынаргъ у йӕ иузӕрдион адӕймӕгты мӕлӕт? (Пс. 115:6).