Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/06 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 9/06 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябрь: чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры». Адӕймагмӕ фыццаг хатт бацӕугӕйӕ бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Чиныг кӕмӕн радтай, уыдонмӕ хъӕуы ногӕй бацӕуын, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. 1–15 октябрь: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Чи байхъуыста, уымӕн раттӕн ис брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!», цӕмӕй йӕ сразӕнгард кӕнӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ. 16 октябрь–12 ноябрь: ӕппӕтдунеон зиу, парахат кӕнӕм трактат «Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!» 13–30 ноябрь: чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй». Адӕймаг куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын раттӕн ис трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» кӕнӕ та ӕндӕр трактат. Декабрь: 192-фарсон чингуытӕй кӕцыфӕнды дӕр кӕнӕ брошюрӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Чи сты?». Кӕд ӕмбырды нӕй, уӕд радтӕн ис чиныг «Базонынад» кӕнӕ брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!».

◼ Ӕмбырдӕн литературӕ куы заказ кӕнат, уӕд ма рафыссӕн ис 2006 азӕн журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы (уыр.) томтӕ, стӕй ма «2006 азӕн Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библиотекӕ» компакт-дискыл. «Ӕппӕт ӕмбырдтӕн хъусинӕгты» ацы публикацитӕ цы ӕвзӕгтыл сты, уыдоны хыгъд уыдзӕн. Ӕмбырдтӕн сӕ бон у рафыссӕн компакт-диск «Watchtower Reader» уырыссаг ӕвзагыл. Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, «2006 азӕн Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библиотекӕ» ӕмӕ «Watchtower Reader» кӕй сты ӕрмӕстдӕр донаргъуыд хъусынгӕнджытӕн ӕмӕ сӕ хъӕуы ӕмбырды уылты рафыссын.

◼ Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕркӕсой 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 21–23 фӕрстыл (уыр.) лӕвӕрд уынаффӕтӕм; уыдон хауынц, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта, ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдонмӕ.

◼ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы ацы номыры 3–6 фӕрстыл ис ивындзинӕдтӕ чиныгмӕ «Раргомад – йӕ диссаджы сӕххӕст хӕстӕг у!» (уыр.).

◼ Паддзахады зал цы уавӕры ис, уымӕ алы аз дӕр фӕхъӕуы ӕркӕсын. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд дзы исты цалцӕггӕнинаг ис, уӕд ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ууыл батыхсой, 2003 азы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 4, 5 фӕрстыл куыд фыст ис, афтӕ. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд йӕ хъус ӕрдардзӕн, уыцы хъуыддаг бакодтой ӕви нӕ. Ӕмбырдӕн йӕхи Паддзахады зал куы уа, уӕд залӕн дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретарь ӕркӕсдзӕн, залы юридикон гӕххӕттытӕ цы уавӕры сты, уымӕ.

◼ 2005 азы 11 сентябры горӕт Подольскы ӕмӕ 2006 азы 27 майы горӕт Дорогобужы (Смоленскы облӕст) ӕмӕ Сургуты Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады залтӕ. Программӕмӕ байхъуыста 245, 254 ӕмӕ 387 адӕймаджы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын