Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2006 азы 26 июнӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2006 азы 1 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 26 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Стихы размӕ цы зӕгъдзыстӕм, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ рох кӕнын цы нӕ хъӕуы? (be 148 ф., 4 абз.–149 ф., 1 абз.).
2. Дзырдты ӕмӕ дзырдбӕстыты стырдӕр тых бавӕрӕн куыд ис, цӕмӕй аив кӕсӕм? (be 151 ф., 4 абз.–152 ф., 3 абз.).
3. Хуыцауы Ныхас амонын стыр хӕс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у «ӕцӕгады дзырд раст амонын»? (2 Тим. 2:15, НФ). (be 153 ф., 1–3 абз., фӕлгӕт; 154 ф., 1, 2 абз.).
4. Стих цӕмӕн ӕрхастам, уый цавӕр мадзӕлттӕй ис равдисӕн? (be 154 ф., 4 абз.–155 ф., 3 абз.).
5. Адӕмӕн цы дзурӕм, уый сӕ царды кӕм бахъӕудзӕн, уый ӕмбарын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ уый куыд ис саразӕн? (be 157 ф., 1–4 абз.; 158 ф., 1 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Соломон «ӕмбырдгӕнӕг» цы хуызы уыд? (bsi06 25 ф., 1–3 абз.).
7. Екклесиасты чиныг Йесойы ахуырӕдтимӕ ӕмхуызон цӕмӕй у? (bsi06 26 ф., 16 абз.).
8. Соломоны зарджыты чиныг Фыстадӕй кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? (bsi06 28 ф., 3, 4 абз.).
9. «Мард денджызы тыхтонты» ис Исайы чиныг дӕр. Ацы чиныджы цы фыст ис, уый куыд бӕлвырд кӕны, абон нӕ Библийы, Исай Хуыцауы фӕндӕй цы ныффыста, уый кӕй ис? (bsi06 30 ф., 6 абз.).
10. Ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кӕндзӕн йӕ раныхасӕн цыбыр пълан саразын? (be 42 ф., 2 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон алцыдӕр ӕмбарынц», зӕгъгӕ, цы нысан кӕны? (Ӕмб. 28:5).
12. Ӕнӕзонд адӕймаг куыстӕй куыд фӕллайы? (Еккл. 10:15).
13. Суламитӕ дыргъдоны ӕхгӕд дуары хуызӕн куыд у ӕмӕ чырыстон сылгоймӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕй у? (Сол. з. 4:12).
14. Йегъовӕ дзуттӕгтӕн афтӕ кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, «нӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсӕм», уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу хъуыдымӕ ӕрцӕуой, уый йӕ фӕнды? (Ис. 1:18а).
15. Исайы 11:6–9 раджы заманты куыд сӕххӕст сты, стӕй нӕ рӕстӕджы ӕмӕ фидӕны дӕр куыд сӕххӕст уыдзысты?