Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/07 3 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 1/07 3 ф.

Хъусинӕгтӕ

Литературӕ парахат кӕнынӕн. Январь: «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Кӕнӕ та уый бӕсты парахат кӕнӕн ис «Мӕ библион радзырдты чиныг». Февраль: «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Парахат кӕнӕн ма ис ӕндӕр чингуытӕ дӕр. Мартъи: Чиныг «Библи цы дзуры» ӕмӕ бацархай искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Апрель: Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕммӕ ногӕй куы цӕуай (Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлдты чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдты чи нӕ вӕййы, ахӕм адӕймӕгтӕм дӕр), уӕд дӕтт чиныг «Библи цы дзуры», ӕмӕ дӕ нысан уӕд Библийы ахуыр райдайын.

◼ Районон цӕстдарӕгӕн февралӕй (4 мартъийӕ фӕстӕдӕр нӕ) уыдзӕн ног ӕргом раныхас «Хуыцауы ног дунейы цӕрыны аккаг чи уыдзӕн?».

◼ Нӕ литературӕ китайаг ӕвзагыл цӕуы дыууӕ хуызы. Гонгконгы ӕмӕ Тайваны цӕрджытӕн сӕ фылдӕр кӕсынц, арӕхдӕр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыцы ӕвзагыл, мах ӕй фӕнысан кӕнӕм «китайаг» (CH). Иннӕтӕй та бирӕтӕ кӕсынц хуымӕтӕг ӕвзагыл – «хуымӕтӕг китайаг ӕвзагыл» (CHS). Адӕймаг фӕнды кантонаг, мандаринаг йе та ӕвзаджы ӕндӕр здӕхтыл дзура, уӕддӕр ахсджиаг у сбӕрӕг кӕнын, цавӕр ӕвзагыл кӕсдзӕн, уый. Брошюрӕйы «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (уыр.), 37, 38 фӕрстыл дыууӕ ӕвзаджы дӕр сты. Уымӕ гӕсгӕ литературӕ рафыссӕн уыдзӕн, цы ӕвзагыл хъӕуа, ууыл.

◼ Ӕмбырдтӕ хъуамӕ хорз бацӕттӕ кӕной Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ацы аз уыдзӕн 2 апрелы, ӕртыццӕджы, хурныгуылды фӕстӕ. Кӕд раныхас хурныгуылды размӕ ис райдайӕн, уӕддӕр нысӕнттӕ адӕттӕн ис ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ. Базонут, сымахмӕ хур кӕд аныгуылдзӕн, уый. Алы ӕмбырд дӕр Ӕрымысӕн изӕр хъуамӕ хицӕнӕй бӕрӕг кӕнид, фӕлӕ уымӕн алкӕд гӕнӕн нӕ вӕййы. Иу Паддзахады залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, искӕцыты уыцы изӕрмӕ бахъӕудзӕн ӕндӕр агъуыст бацагурын. Хорз уаид, гӕнӕн кӕм уа, уым программӕты ’хсӕн 40 минуты бӕрц куы уаид, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ аныхас кӕнӕн уа. Хъӕуы ма бацархайын, цӕмӕй нӕ машинӕтӕ иннӕ транспорты цыд ма къуылымпы кӕной ӕмӕ макӕй бахъыгдарой, искӕй бынатмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ласӕм, уӕд. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ баныхас кӕна, бынӕттон уавӕрты хуыздӕр цы уыдзӕн саразын, ууыл.

◼ Ӕмбырды секретартӕ ӕмӕ хицӕн къордтӕн дзуапп чи дӕтты, уыдон хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй алы ӕххӕстрӕстӕг пионермӕ дӕр уа фыстӕг «Ӕппӕт ӕххӕстрӕстӕг пионертӕн» (S-202). Кӕд сӕм не сты, уӕд ныффыссын хъӕуы филиалмӕ.

◼ 2005 азы 18 сентябры, 2006 азы 4 июны, 17 ӕмӕ 18 октябры Йегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады залтӕ поселок Михайловскы (Стъарапол), горӕтты: Тосно (Ленинграды облӕст), Нижневартовск ӕмӕ Радужныйы (Ханты-Мансийск). Программӕмӕ байхъуыста 179, 163, 156 ӕмӕ 120 адӕймаджы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын