Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2007 азы 1 январӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2007 азы 1 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 26 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Нӕ раныхас цӕуыл у, царды кӕм фӕахъаз уыдзӕн, уый тыххӕй дзурын кӕд хъӕуы ӕмӕ куыд? (be 158 ф., 2–4 абз.).
2. Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй иннӕтӕ, нӕ ныхӕстӕ сын цы пайда сты, уый уыной ӕмӕ сын уый куыд хъуамӕ ӕвдисӕм? (be 159 ф., 3, 4 абз.).
3. Кӕм цавӕр дзырд фидауы, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (be 160 ф.).
4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕздыг ӕвзагӕй раст пайда кӕнӕм? (be 161 ф., 5, 6 абз.; 162 ф., 1, 4 абз.).
5. Цӕмӕй у хорз, нӕ хъуыдыйы кӕй дарӕм кӕнӕ фысгӕ кӕй ныккодтам, уыцы пъланмӕ гӕсгӕ дзурын? (be 166 ф., 1–3 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Хъӕрӕй кӕсынмӕ куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы? (be 43 ф., 2, 4 абз.).
7. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйау хорздзинад уарзӕм ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт уынӕм, уӕд нӕ цы аразын хъӕуы? (Дзут. 5:14) (w05 1.1. 20 ф., 11 абз.).
8. Библи кӕсгӕйӕ, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддаджы раст бакодта ӕви нӕ, ууыл куы фӕгуырысхо уӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнӕм? (w05 1.2. 29 ф., 7 абз.).
9. Адӕм нӕ цы домынц, уый Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы уа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? (w05 1.5. 10 ф., 9 абз.).
10. Исайы чиныг нын не ’ргом куыд здахы Мессийӕйы Паддзахадмӕ ӕмӕ, адӕмы Чырыстийы ӕрцыдмӕ чи бацӕттӕ кодта, уыцы Аргъауӕг Иоаннмӕ? (bsi06 31 ф., 35 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Цы у, «ӕппӕт адӕмы чи ӕмбӕрзы, уыцы ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытыл тыд чи у, уыцы уӕфт хъуымац»? (Ис. 25:7).
12. Адӕмӕн Йегъовӕйы «уынын» ӕмӕ «хъусын» сӕ бон куыд у? (Ис. 30:20, 21).
13. Раст у ӕви нӕ: Исайы 38:3 фыст куывд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Езекийы тынг фӕндыд фылдӕр ацӕрын.
14. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ куыд уыдысты ӕмӕ сӕ махӕн нӕ бон фӕзмын куыд у? (Ис. 43:10).
15. Исайы 52:11, 12 цы пехуымпарад ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй «хӕссӕм Йегъовӕйы хӕдзары дзаумӕттӕ»?