Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/07 3 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 7/07 3 ф.

Хъусинӕгтӕ

Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июль, август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябрь: Чиныг «Библи цы дзуры». Бацархай искӕимӕ фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын цыбыртӕй равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕн-иу ратт трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», ӕмӕ-иу ыл аныхас кӕн, стӕй бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл.

◼ Сентябры фондз сабат ӕмӕ хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.

◼ Сентябрӕй районон цӕстдарджытӕн ӕмбырдты уыдзӕн раныхас «Библийыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?»

◼ Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй бланктӕ филиалмӕ хъӕуы 30 бон раздӕр арвитын. Ӕмбырды секретарь сӕм хъуамӕ ӕркӕса, иууылдӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзаг сты ӕви нӕ. Бланк чи балӕвӕрдта, уыдонӕй исчи йӕ донаргъуыды бон куы нал хъуыды кӕна, уӕд ӕй бацархайӕд базонын ӕмӕ йӕ йӕхимӕ фӕнысан кӕнӕд. Секретарь хъусынгӕнӕджы донаргъуыды бон хъуамӕ бахӕсса «Хъусынгӕнӕджы карточкӕ»-мӕ (S-21).

◼ Ӕмбырды цы литературӕ ис, уымӕн алы аз дӕр фӕхъӕуы номхыгъд саразын. 2007 азы йӕ хъӕуы саразын 31 августы кӕнӕ цалдӕр бон раздӕр (фӕстӕдӕр). Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр алы мӕй дӕр литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр хъӕуы афтӕ саразын, ӕмӕ иумӕйаг нымӕц ныффыссын бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис, алы ӕмбырды дӕр журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй. Литературӕ банымайын хъӕуы дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретары разамындӕй. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой уыцы ӕмбырды секретарь ӕмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр райсдзӕн ӕртӕ бланкы «Учет литературы», зӕгъгӕ. Уӕ хорзӕхӕй, иу бланк дзы 6 сентябры онг арвитут филиалмӕ. Иннӕ бафснайут уӕхимӕ. Ӕртыккагӕй та уӕ бон у спайда кӕнын, литературӕ куы нымайат, уӕд.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2006 азы 10 декабры – Железноводскы (Стъарапъолы край); 2007 азы 5 ӕмӕ 24 мартъийы – Дальнегорскы (Приморский край), Белебейы (Башкортостан), поселок Заводское (Цӕгат Ирыстон); 21 апрелы – Стъарапъолы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын