Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/07 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» исыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Ӕрмӕг 2 хаймӕ
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ӕрмӕг 1 хаймӕ
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 9/07 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ хицӕн къордтӕ аразы, цӕмӕй Фыстад ахуыр кӕной кӕнӕ йыл ныхас кӕной. Уыцы хъуыддаг «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» растыл нымайы? (Матф. 24:45, 47).

Нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу бӕстӕты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй чидӕртӕ скодтой хицӕн къордтӕ, цӕмӕй Библийӕ цыдӕр темӕтӕ иртасой. Уыцы къордтӕй иуӕй-иутӕ ахуыр кӕнынц дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, «Ног дунейы тӕлмац» раст у ӕви нӕ. Иннӕтӕ та ахуыр кӕнынц Библиимӕ баст наукон темӕтӕ. Уыдон Интернеты аразынц вебсайттӕ, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ дзурой. Стӕй ма аразынц ӕмбырдтӕ ӕмӕ мыхуыр кӕнынц литературӕ, цӕмӕй, цы базыдтой, уый дзурой ӕмӕ цыдӕртӕ ӕфтауой, не ’мбырдты ӕмӕ нӕ литературӕйы цы ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕмӕн парахатӕй лӕвӕрд цӕуынц уынаффӕтӕ ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц ӕмбырдты, конгрессты, стӕй Йегъовӕйы организаци цы литературӕ уадзы, уый уылты. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ Ныхасы руаджы дӕтты, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ адӕм уой «иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕной» ӕмӕ «уырнындзинады ӕрфидар уой» (1 Кор. 1:10; Кол. 2:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, ацы фӕстаг бонты нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн алцыдӕр кӕй дӕтты, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» разы нӕу, йӕ разамындӕй цы литературӕ нӕ цӕуы ӕмӕ цы ӕмбырдтӕ, кӕнӕ вебсайттӕ арӕзт не сты, уыдонимӕ (Матф. 24:45–47).

Раппӕлинаг сты, йӕ зонындзинӕдтӕ хорз хабар парахат кӕнынӕн чи не ’вгъау кӕны, уыдон. Фӕлӕ адӕймаг йӕхӕдӕг цы иртасы, уый йӕ хъуамӕ ма аиуварс кӕна, Йесо Чырысти ӕгас зӕххыл дӕр ӕмбырды уылты цы амоны, уымӕй. Фыццаг ӕнусы апостол Павел фӕдзӕхста, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕхи хизой, фӕллайын цы бакӕна ӕмӕ бирӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуа, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, «мыггӕгты равзӕрд ма агурой, уыдӕттӕ адӕймаджы ницӕмӕ ӕркӕнынц, ӕрмӕст расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстытӕ, Хуыцау уырнындзинады фӕрцы цы дӕтты, уымӕн та ницы ӕххуыс сты» (1 Тим. 1:3–7). Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй «сӕхи хизой ӕнӕзонд радзур-бадзуртӕй ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд рацагур-бацагурӕй, стӕй Закъоны фӕдыл быцӕутӕ ӕмӕ хылтӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕнӕпайда, дзӕгъӕлы» (Тит. 3:9).

Библи ноджы лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн та сӕ бон у иртасын «Фыстады ӕмбарынад» (англ.), «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (англ.) ӕмӕ ма нӕ чингуытӕй ӕндӕртӕ, зӕгъӕм, Данелы, Исайы ӕмӕ Раргомады пехуымпарӕдтӕ ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, ахӕмтӕ. Уыцы чингуыты бирӕ ӕрмӕг ис Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы «фӕндон бӕлвырдӕй зондзыстӕм ӕмӕ нӕм уыдзӕн ӕппӕт зонд ӕмӕ, сыгъдӕг уд цы ӕмбарындзинад дӕтты, уый. Уӕд цӕрдзыстӕм, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Стӕй нын бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстӕм» (Кол. 1:9, 10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын