Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2007 азы 29 октябрӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2007 азы 3 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 29 октябрӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Искӕмӕн амонгӕйӕ хъуыдытӕ ногӕй зӕгъын цӕмӕн фӕхъӕуы? (be 206 ф., 1, 2 абз., фӕлгӕт).
2. Ныхасы сӕйраг хъуыдымӕ ӕргом раздахӕн куыд ис? (be 210 ф., фӕлгӕт).
3. Ныхасы сӕйраг хъуыдытӕ цы сты ӕмӕ сӕ куыд хъуамӕ равзарӕм? (be 212 ф., 1–3 абз.).
4. Раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ бирӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уой? (be 213 ф., 2–4 абз.).
5. Афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, ӕмӕ нӕ разныхас адӕймаджы бацымыдис кӕна, ӕмӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн? (be 215 ф., 1 абз.; 216 ф., 1–3 абз., фӕлгӕт).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Хуыцауы ныхасыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын кӕй у, уый нын Псалом 119:89, 90 [118:89, 90] куыд ӕмбарын кӕнынц? (w05-OSS 01.05. 13 ф., 3 абз).
7. Иезекилы чиныджы сӕйраг хъуыды цы у, ӕмӕ абон Йегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (bsi07 8 ф., 33 абз.).
8. «Хуыцауы дзырд» нын нӕ зӕрдӕ куыд хъахъхъӕны? (Пс. 17:31) (w05-U 01.09. 30 ф., 2 абз.).
9. Хуыцауы Паддзахады хабар Данелы чиныджы сӕрӕй кӕронмӕ бӕрӕг куыд дары? (bsi07 10 ф., 23 абз.).
10. Осийы чиныг нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйы фӕндӕй фыст пехуымпарӕдтыл? (bsi07 12 ф., 14 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Иезекилы цӕстылуайӕны кувӕндон кӕй сбарстой, уый цы нысан кодта ӕмӕ нын уый абон зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Иез. 40:2–5) (w99-OSS 01.03. 19 ф., 6 абз.; 24 ф., 7 абз.).
12. Иезекилы цӕстылуайӕны «кънйаз» кӕмӕ амоны? (Иез. 48:21) (w99-OSS 01.03. 25, 26 фф., 13–15 абз.; 31, 32 фф., 19, 20 абз.).
13. Куыд ӕмбаргӕ у Данел 2:21? (w98-U 15.09 12 ф., 9 абз.).
14. Йегъовӕйы цӕсты Данел «зӕрдӕйӕн адджын лӕг» цӕмӕн уыд? (Дан. 9:23) (dp-U 185 ф., 12 абз.; w04-OSS 01.08. 22 ф. 17 абз.).
15. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Израилы бӕстӕйы нӕ зонынц Хуыцауы, ӕмӕ махыл ацы ныхӕстӕ куыд хъуамӕ фӕзыной? (Ос. 4:1, 2, 6) (w05-OSS 01.12. 12 ф. 21 абз.; jd-E 57, 58 фф., 5 абз.; 61 ф., 10 абз.).