Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Ноябрь: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг куы зӕгъа, сывӕллӕттӕ мын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд ын раттӕн ис брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Декабрь: Трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон», «Дзӕнӕтмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис?». Январь: Чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Ис ма дӕттӕн чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ» ӕмӕ трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Февраль: Чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Мартъи: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Дӕттӕн ма ис трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?». Бацархай бацӕуын, Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын.
◼ Декабры фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.
◼ Ис бирӕ литературӕ, алыхуызон ӕгъдӕуттыл ӕмӕ динтыл хӕст чи у, уыцы адӕмӕн. Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрмӕ ис сӕ номхыгъд.
◼ Кӕд хъусынгӕнджытӕ нӕма байдзаг кодтой документ «Дохтыртӕн мӕ фӕндамынд ӕмӕ ӕууӕнчы гӕххӕтт», уӕд сын зӕгъ, цӕмӕй йӕ байдзаг кӕной. Ацы документ ӕвдисы, бар нын кӕй ис, цӕмӕй туг ма бауадзӕм. Ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕкӕсдзысты. (Кӕс 2006 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», уӕлӕмхасӕн.)
◼ Хъусынгӕнджыты нал хъӕуы алы адӕймаджы тыххӕй дӕр «Библи ахуыр кӕныны хыгъд» (S-3) дӕттын. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр фыссын хъӕудзӕн ног бланкы «Хыгъд» (S-4), цал Библийы ахуыры сын ис, уый. Райдайут сӕ пайда кӕнын; бланк S-3 та фыссын хъӕуы, ӕмбырды фембӕлдты цал адӕймаджы уыд, уый.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2007 азы 24 февралы Старый Руссы (Новгород); 7 июлы поселок Алтайскы (Алтай) ӕмӕ Суровикинойы (Волгоград); 28 июлы горӕт Архипо-Осиповкӕйы (Краснодар).