Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2007 азы 31 декабрӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2007 азы 5 ноябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 31 декабрӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй, нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн саразӕм? (be 220 ф., 4 абз.–221 ф., 3 абз.).
2. Куыд базонӕм, уацамынды цы дзурӕм, уый раст ӕмӕ ӕцӕг кӕй у? (be 223 ф., 2–4 абз.).
3. Фембӕлдты сценӕйӕ цы фӕдзурӕм, уымӕй бӕрӕг куыд хъуамӕ уа, ӕмбырдӕн, ӕцӕгдзинад кӕуыл «лӕууы ӕмӕ ӕнцайы», уымӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм? (1 Тим. 3:15) (be 224 ф., 1–4 абз.).
4. Цы дзуринаг стӕм, уый раст у ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ уый куыд аразӕн ис? (be 225 ф., 1, 2 абз.).
5. Цы саразӕн ис, цӕмӕй, адӕмӕн цы фӕамонӕм, уый ӕнцонӕмбарӕн уа? (be 226 ф., 3 абз.–227 ф., 1 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн, Ионӕйы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый? (bsi07 18 ф., 3 абз.).
7. Пехуымпар Михей куыд бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, Йесо Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй? (bsi07 20 ф., 18 абз.).
8. Аввакумы чиныг Хуыцауы сыгъдӕг удӕй фыст кӕй ӕрцыд, уый куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн? (bsi07 23 ф., 4 абз.).
9. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ н. э. агъоммӕ 520 азмӕ дзуттӕгтӕ уацарӕй цӕй тыххӕй ӕрыздӕхтысты, уыцы хъуыддаг нӕма сӕххӕст кодтой? (Агг. 1:4) (bsi07 27 ф., 3 абз.).
10. Захари арӕх цавӕр диссаджы боны кой кӕны? (bsi07 30 ф., 26 абз.)
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Сасчытӕ кӕй бабырсдзысты, уый тыххӕй Иоил цы пехуымпарад ныффыста, уый куыд сӕххӕст фыццаг ӕнусы ӕмӕ куыд ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы? (Иоил 2:1–10, 28) (w07-OSS 01.11. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас – Иоил ӕмӕ Амосы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ»).
12. Цы нысан кӕны «чыргъӕд сӕрдыгон дыргътимӕ»? (Амос 8:1, 2) (w07-OSS 01.11. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас – Иоил ӕмӕ Амосы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ»).
13. Куыд ӕмбаргӕ у, Хуыцау ниневиӕгтӕн кӕй стӕрхон кодта, ууыл кӕй «фӕфӕсмон кодта», ӕмӕ уый махыл куыд хъуамӕ ӕндава? (Ионӕ 3:10) (w03-OSS 01.08. 15, 16 фф.).
14. Цы нысан кӕны «Хуыцау Йегъовӕйы номӕй» цӕуын? (Мих. 4:5) (w03-OSS 01.09. 4 ф., 19 абз.).
15. Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ «кувӕндонмӕ» тӕрхон кӕнынмӕ кӕд ӕмӕ куыд ӕрцыд? (Мал. 3:1–3) (re-U 32 ф., фӕлгӕт; jd-E 179 ф., 3 абз.–181 ф., 6 абз.).