Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/08 3 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 9/08 3 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай искӕимӕ фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын цыбыртӕй равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ратт трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Ноябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Декабрь: Трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон», «Ацы дуне фервӕздзӕн?» ӕмӕ «Дзӕнӕтмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис?». Январь 2009: Чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Дӕттӕн ма ис чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Февраль: чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у».

◼ Ноябры фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.

◼ 2009 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас уыдзӕн 20 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Раныхасы ном фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр. Уыцы хуыцаубон районон цӕстдарӕг цы ӕмбырды уа, йе та конгресс кӕмӕн уа, уыдон уыцы сӕрмагонд раныхасмӕ байхъусдзысты къуыри фӕстӕдӕр. Ацы раныхас 20 апрелӕй райдайгӕ къуырийӕ раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.

◼ 2008 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» ранымадтам, алы аз дӕр цы рафыссӕм, уыдӕттӕ. Фӕнды ма нӕ зӕгъын, «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библиотекӕйӕ» (уыр.) компакт-дискыл чи пайда кӕны ӕмӕ журналты каталогтӕ кӕй нал хъӕуынц, уый ахъуыды кӕнӕд, заказ ма сӕ кӕндзӕн ӕви нӕ.

◼ Паддзахады зал цы уавӕры ис, уымӕ алы аз дӕр фӕхъӕуы ӕркӕсын. Уымӕ гӕсгӕ, залӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы комитет кӕнӕ ӕфсымӕр хъуамӕ залы уавӕрмӕ ӕркӕса. Уый саразын хъӕуы бланкмӕ гӕсгӕ «Контрольный перечень пунктов по обслуживанию и безопасности Зала Царства» (CN-14). Стӕй хъӕудзӕн уынаффӕ рахӕссын, цы дзы хъӕуы бацалцӕг кӕнын ӕмӕ ӕркӕсын, документтӕ закъонмӕ гӕсгӕ арӕзт сты ӕви нӕ. Уый фӕстӕ бланк 30 сентябрмӕ арвитын хъӕуы филиалмӕ, йӕ къопи та йын раттын хъӕуы, залӕй чи пайда кӕны, уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕм. Хорз уаид, уый фӕстӕ, алы аз дӕр куыд вӕййы, афтӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ куы фембӕликкой ӕмӕ куы ӕркӕсиккой, цы хӕрдзтӕ скодтой ӕмӕ ма цы хӕрдзтӕ кӕндзысты, зал цы уавӕры ис, стӕй, залӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы комитет куыд кусы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатӕм. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд йӕ хъус ӕрдардзӕн, залимӕ баст хъуыддӕгтӕ конд ӕрцыдысты ӕви нӕ.

◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр, хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ июнь, июль ӕмӕ августӕн. Ацы хъуыддаг ӕдзух уыцы иу ӕфсымӕрӕн хӕс кӕнын нӕ хъӕуы. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд (Кӕс «Инструкции для бухгалтерского учета собрания», S-27).

◼ 2009 азы, уырыссаг ӕвзагӕй фӕстӕмӕ, конгресстӕ уыдзӕн ахӕм ӕвзӕгтыл:

Районон конгресстӕ: азербайджайнагау – Мӕскуыйы; сомихагау – Волжскы, Краснодары, Мӕскуыйы ӕмӕ Стъарапъолы; иронау – Дзӕуджыхъӕуы; уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл – Красноярскы (цыбыртӕй), Мӕскуыйы, Незлобныйы, Самарӕйы, Санкт-Петербурджы ӕмӕ Челябинскы; тӕтӕйрагау – Набережные Челны ӕмӕ Стерлитамакы; чувашагау – Чебоксарты.

Иубонон конгресстӕ: азербайджайнагау – Мӕскуыйы ӕмӕ Сургуты; англисагау – Санкт-Петербурджы; сомихагау – Волжскы, Краснодары ӕмӕ Мӕскуыйы; китайагау – Санкт-Петербурджы; иронау – Дзӕуджыхъӕуы; уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл – Волжскы, Красноярскы, Мӕскуыйы, Невинномысскы, Самарӕйы, Санкт-Петербурджы, Хабаровскы ӕмӕ Челябинскы; тӕтӕйрагау – Набережные Челны ӕмӕ Стерлитамакы; узбекагау – Санкт-Петербурджы; чувашагау – Чебоксарты.

Ацы ӕвзӕгтыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уыдоны районон цӕстдарджытӕ фӕхондзысты, ӕввахсдӕр сӕм чи уа, уыцы конгресмӕ ӕмӕ сын фехъусын кӕндзысты, кӕд уыдзӕн, уый, цӕрӕнбынӕтты тыххӕй ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕрттӕ.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2007 азы 3 майы Владивостокы (ул. Карбышева); 2008 азы 3 майы Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ станицӕйы Ладожская (Краснодар); 11 майы Владивостокы (ул. Бурачека) ӕмӕ поселок Бельтырскийы (Хакаси); 25 майы станицӕ Курскаяйы (Стъарапъол); 7 июны Старый Осколы ӕмӕ горӕт Камень-на-Обийы (Алтай).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын