Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2008 азы 27 октябрӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2008 азы 1 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 27 октябрӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Адӕймаг цӕуылдӕр цӕмӕн ӕууӕнды, уый куыд базонӕн ис? (be 259 ф., 1, 2 абз.).
2. Адӕймагӕн куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй ма кӕса ӕмӕ макӕй хъулон кӕна? (be 260 ф., 2 абз.).
3. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса ӕмӕ Хуыцауы фӕндагыл размӕ цӕуа? (be 261 ф., 2 абз.).
4. Адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг агургӕйӕ нӕ рох кӕнын цы нӕ хъӕуы? (be 262 ф., 4 абз.).
5. Ӕмбырды рӕстӕгмӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы? (be 263 ф., 1, 3 абз., рамкӕ).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг цӕмӕн ныффыста? (bsi-01-OSS 20 ф., 3 абз.).
7. Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕг цӕмӕн ныффыста? (bsi-01-OSS 22 ф., 1, 2 абз.).
8. Нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (bsi-01-OSS 23 ф., 18 абз.).
9. Филиппты ӕмбырды ӕфсымӕртау махӕн дӕр нӕ бон куыд у Хуыцауы хорзӕх ссарын ӕмӕ ӕфсымӕрты зӕрдӕ рухс кӕнын? (bsi-01-OSS 29 ф., 12 абз.).
10. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Фессалоникӕйы ӕмбырдыл хорзырдӕм куыд фӕзындысты? (bsi-2-OSS 4 ф., 13 абз.).
ӔРВЫЛКЪУЫРИ БИБЛИ КӔСЫН
11. Цы нысан кӕны фыдгӕнӕджы «Сайтаны бар бакӕнын ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафын, цӕмӕй, ӕмбырдӕн цы хорз зондахаст ис, уый» ма фесӕфа? (1 Кор. 5:5) (w08-OSS 15.07. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй»).
12. Йесойы мӕлӕт афӕдзы мидӕг цал хатты хъӕуы бӕрӕг кӕнын ӕмӕ кӕдмӕ? (1 Кор. 11:26) (w08-OSS 15.07. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй»).
13. 2 Коринфӕгтӕм 12:2–4 цавӕр цӕстылуайӕны тыххӕй ис фыст ӕмӕ йӕ чи федта? (w04-OSS 01.11. 8 ф., 4 абз.; 10 ф., 9 абз.).
14. Павел Моисейы Закъон цӕмӕн абарста, Чырыстимӕ чи кодта, ахӕм «сывӕллонгӕсимӕ»? (Гал. 3:24) (w08-U 01.03. 18–21 фф.)
15. Павел афтӕ цӕмӕн куывта, зӕгъгӕ, «ут ӕнӕфау – уӕ зӕрдӕ дӕр, уӕ уд дӕр ӕмӕ уӕ буар дӕр»? (1 Фес. 5:23) (w08-OSS 15.09. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Фессалоникӕгтӕм ӕмӕ Тимофеймӕ фыстӕджытӕй»).